Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Хуыцаубон, 2 ноябрь

Уӕдӕ мах иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус (1 Фес. 5:6).

Уарзондзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм ӕмӕ ӕрвонг зондӕй архайӕм (Матф. 22:37–39). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр (2 Тим. 1:7, 8). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмы дӕр кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм, суанг телефонӕй ӕмӕ писмоты фӕрцы дӕр. Мах ныфс ис, иу бон уыцы адӕм дӕр кӕй фӕивдзысты ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдайдзысты (Йез. 18:27, 28). Иннӕты уарзынмӕ хауы нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын дӕр. Уыцы уарзондзинад ӕвдисӕм, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы кӕй фидар кӕнӕм, уымӕй (1 Фес. 5:11). Ӕфсӕддонтӕ фӕхӕцынц фӕрсӕй-фӕрстӕм, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн вӕййынц ныфсы хос. Афтӕ мах дӕр кӕрӕдзийӕн стӕм ныфсы хос. Мах нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕтӕ зонгӕ-зонын никуы фӕриссын кӕндзыстӕм кӕнӕ сын ӕвзӕр ӕвзӕрӕй нӕ фиддзыстӕм (1 Фес. 5:13, 15). Уарзондзинад ма равдисӕм, ӕмбырдӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрты кӕй нымайӕм, уымӕй дӕр (1 Фес. 5:12). w23.06 9 ф., 6 абз.; 11 ф., 10, 11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Къуырисӕр, 3 ноябрь

[Йегъовӕ] зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн? (Ным. 23:19).

Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн иу мадзал у Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын. Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн. Фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, уыцы нывонд хаст цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕйы цы стыр аргъ бахъуыд бафидын, ууыл. Уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын йӕ диссаджы ног дунейы ӕнӕкӕрон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ цы стыр аргъ бафыста, ууыл. Йӕ уарзон фыццаггуырд Фырты, ӕппӕты ӕввахсдӕр хӕлары, уӕлӕрвтӕй рарвыста, цӕмӕй зӕххыл райгуырдаид. Зӕххыл Йесо алыхуызон зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уый фӕстӕ тухитӕгӕнгӕ амард. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр тынг стыр аргъ бафыста. Цымӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ Фырты хъизӕмайраг мардӕй амӕлын бауагътаид, адӕмӕн хуыздӕр цард ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ балӕвар кӕнынмӕ куы хъавыдаид, уӕд? (Иоан. 3:16; 1 Пет. 1:18, 19). Фӕлӕ иугӕр ахӕм аргъ бафыста, уӕд ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн афтӕ, цӕмӕй адӕм ног дунейы ӕнустӕм цӕрой. w23.04 27 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 4 ноябрь

Мӕлӕт, кӕм сты дӕ фаттӕ? (Оси 13:14).

Цымӕ Йегъовӕйы фӕнды мӕрдты райгас кӕнын? Ууыл дзырд дӕр нӕй. Библи чи фыста, уыдонӕй цалдӕрӕн ныффыссын кодта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй (Ис. 26:19; Рарг. 20:11–13). Ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый та алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 23:14). Ӕмӕ йӕ мӕрдты райгас кӕнын ӕнӕуи фӕндгӕ нӕ кӕны – уымӕ бӕлгӕ кӕны. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Иов цы загъта, ууыл. Уый фидарӕй уырныдта, куы амӕла, уӕд Йегъовӕ кӕй бӕлдзӕн, цӕмӕй йӕ ногӕй фена (Иов 14:14, 15). Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕй алкӕй фенынмӕ дӕр афтӕ бӕллы. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха, ӕмӕ ӕнӕниз ӕмӕ амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕйы базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй чи амард, ӕппӕт уыцы адӕмы та райгас кӕндзӕн? Нӕ уарзӕгой Хуыцауы тынг фӕнды уыдоны дӕр райгас кӕнын (Хъуыд. 24:15). Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 3:16). w23.04 9 ф., 5, 6 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын