Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Азфыстыты 19
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

1 Азфыстыты 19:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1См 11:1
  • +2См 10:1

1 Азфыстыты 19:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 9:7; Ӕм 19:22
  • +2См 10:2
  • +Рд 19:38

1 Азфыстыты 19:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 2:1
  • +Ис 32:7

1 Азфыстыты 19:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 35:12
  • +Лв 19:27
  • +Ис 20:4
  • +2См 10:4

1 Азфыстыты 19:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 16:34

1 Азфыстыты 19:6

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Иу талант у 34,2 кг бӕрц.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1См 13:4
  • +2См 10:1
  • +2Аз 25:6
  • +2См 10:6
  • +1См 14:47; 2См 8:3
  • +Пс 20:7

1 Азфыстыты 19:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 31:1
  • +2См 10:6
  • +ЙсН 13:9

1 Азфыстыты 19:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 8:16
  • +2См 23:8

1 Азфыстыты 19:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 10:8

1 Азфыстыты 19:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 10:9; Ӕм 20:18

1 Азфыстыты 19:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Аз 11:20
  • +2См 8:12

1 Азфыстыты 19:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 8:5
  • +Ек 4:9
  • +2См 10:11

1 Азфыстыты 19:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 31:6; ЙсН 1:7
  • +2См 10:12
  • +Ис 46:10

1 Азфыстыты 19:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 10:13
  • +Лв 26:7; Д.з 28:7

1 Азфыстыты 19:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 26:8
  • +2См 10:14

1 Азфыстыты 19:16

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Ома Евфратмӕ.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 10:15
  • +2См 8:3

1 Азфыстыты 19:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2См 10:17

1 Азфыстыты 19:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Аз 19:14; Пс 33:16
  • +2См 10:18

1 Азфыстыты 19:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:7; Пс 18:39
  • +1Аз 14:17; Пс 18:44
  • +2См 10:19

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

1 Аз. 19:11См 11:1
1 Аз. 19:12См 10:1
1 Аз. 19:22См 9:7; Ӕм 19:22
1 Аз. 19:22См 10:2
1 Аз. 19:2Рд 19:38
1 Аз. 19:3ЙсН 2:1
1 Аз. 19:3Ис 32:7
1 Аз. 19:4Пс 35:12
1 Аз. 19:4Лв 19:27
1 Аз. 19:4Ис 20:4
1 Аз. 19:42См 10:4
1 Аз. 19:51Пд 16:34
1 Аз. 19:61См 13:4
1 Аз. 19:62См 10:1
1 Аз. 19:62Аз 25:6
1 Аз. 19:62См 10:6
1 Аз. 19:61См 14:47; 2См 8:3
1 Аз. 19:6Пс 20:7
1 Аз. 19:7Ис 31:1
1 Аз. 19:72См 10:6
1 Аз. 19:7ЙсН 13:9
1 Аз. 19:82См 8:16
1 Аз. 19:82См 23:8
1 Аз. 19:92См 10:8
1 Аз. 19:102См 10:9; Ӕм 20:18
1 Аз. 19:111Аз 11:20
1 Аз. 19:112См 8:12
1 Аз. 19:122См 8:5
1 Аз. 19:12Ек 4:9
1 Аз. 19:122См 10:11
1 Аз. 19:13Д.з 31:6; ЙсН 1:7
1 Аз. 19:132См 10:12
1 Аз. 19:13Ис 46:10
1 Аз. 19:142См 10:13
1 Аз. 19:14Лв 26:7; Д.з 28:7
1 Аз. 19:15Лв 26:8
1 Аз. 19:152См 10:14
1 Аз. 19:162См 10:15
1 Аз. 19:162См 8:3
1 Аз. 19:172См 10:17
1 Аз. 19:181Аз 19:14; Пс 33:16
1 Аз. 19:182См 10:18
1 Аз. 19:19Д.з 28:7; Пс 18:39
1 Аз. 19:191Аз 14:17; Пс 18:44
1 Аз. 19:192См 10:19
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
Библи – Ног дунейы тӕлмац
1 Азфыстыты 19:1–19

1 Азфыстыты

19 Уый фӕстӕ Аммоны фырттӕн сӕ паддзах Наас+ амард, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт+. 2 Уӕд Давид загъта: «Наасы фырт Анноны ме ’нувыд уарзтӕй+ барӕвдауон, уымӕн ӕмӕ мӕ йӕ фыд дӕр йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдыдта»+. Ӕмӕ Аннон йӕ фыды зианыл куы хъыг кодта, уӕд ӕм Давид йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста, цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Аммоны+ фыртты зӕхмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй Анноны фарсмӕ балӕууыдаиккой. 3 Фӕлӕ Аммоны фыртты кънйӕзтӕ Аннонӕн загътой: «Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ дӕм Давид дӕ фыды ӕфсӕрмӕй ӕрбарвыста ныфсӕвӕрджыты? Мыййаг дӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ уый тыххӕй не ’рцыдысты, цӕмӕй ацы зӕхх басгарой+, кӕм дзы цы ис, уый базоной ӕмӕ стӕй ацы бӕстӕ ныппырх кӕной?»+ 4 Уӕд Аннон Давиды лӕггадгӕнджыты ӕрцахста+, сӕ боцъотӕ сын адаста+, сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттӕ сын суанг сӕ ӕгъдты онг ралыг кодта+ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕстӕмӕ арвыста+. 5 Давидӕн ӕрвыст лӕгты тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сын сӕ размӕ адӕмы арвыста, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг ныххудинаг кодтой. Паддзах сын загъта: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ нӕ разайой, уӕдмӕ уал Иерихоны+ цӕрут. Стӕй уӕд ӕрыздӕхдзыстут».

6 Аммоны фырттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ Давид йе сӕфт федта+, уӕд Аннон+ ӕмӕ Аммоны фырттӕ иу мин таланты* ӕвзист арвыстой+, цӕмӕй сӕхицӕн Месопотамийӕ, Арам-Маахӕйӕ+ ӕмӕ Сувӕйӕ+ бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ барджытӕ баххуырстаиккой. 7 Ӕмӕ баххуырстой ӕртын дыууӕ мин бӕхуӕрдоны+, стӕй Маахӕйы паддзахы ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр+. Ӕмӕ уыдон ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ Медевӕйы+ раз ӕрӕвӕрдтой. Уӕд Аммоны фырттӕ дӕр сӕ горӕттӕй иу ранмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хӕстмӕ рацыдысты.

8 Давид уый куы фехъуыста, уӕд уайтагъд Иоавы+ ӕнӕхъӕн ӕфсадимӕ ӕмӕ тыхджын лӕгтимӕ арвыста+. 9 Аммоны фырттӕ рацыдысты ӕмӕ горӕтмӕ бахизӕны гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. Чи ’рцыд, уыцы паддзӕхтӕ+ та слӕууыдысты хицӕнӕй быдыры.

10 Иоав уый куы федта, ӕмӕ йӕм разӕй дӕр ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр бырсынц, уӕд Израилы хуыздӕр хӕстонтӕй цасдӕр равзӕрста ӕмӕ сӕ сириӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта+. 11 Иннӕ адӕмы та йе ’фсымӕр Авессӕйы+ бар бакодта, цӕмӕй уыдон та Аммоны+ фыртты ныхмӕ ӕрлӕууыдаиккой. 12 Иоав загъта: «Кӕд мыл сириӕгтӕ+ тых кӕнын райдайой, уӕд мӕм ды ӕрбацӕудзынӕ ӕххуысмӕ+. Кӕд дӕуыл Аммоны фырттӕ райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз ацӕудзынӕн ӕххуысмӕ+. 13 Фидар у+, ӕмӕ лӕгдзинад равдисӕм – схӕцӕм нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы горӕтты тыххӕй+. Йегъовӕ та бакӕндзӕн, раст ӕм куыд кӕсы, афтӕ»+.

14 Гъемӕ Иоав ӕмӕ йӕ адӕм сириӕгтимӕ схӕцыдысты+, ӕмӕ сириӕгтӕ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. 15 Аммоны фырттӕ уый куы федтой, ӕмӕ сириӕгтӕ лидзынц, уӕд уыдон дӕр Иоавы ӕфсымӕр Авессӕйӕ лидзӕг фесты+ ӕмӕ горӕтмӕ балыгъдысты+. Уый фӕстӕ Иоав Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт.

16 Сириӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд арвыстой, Стыр цӕугӕдонмӕ*+ хӕстӕг чи цард, уыцы сириӕгтӕм ӕмӕ сӕ ӕркодтой, Адраазары ӕфсады хистӕр Совак сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.

17 Давидӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд уайтагъд ӕгас Израилы адӕмы ӕрӕмбырд кодта, Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызт, ӕрцыди сӕм ӕмӕ йӕ хӕстонты гӕрзифтонгӕй сӕ ныхмӕ ’рлӕууын кодта+. Ӕмӕ Давид йӕ хӕстонты сириӕгты ныхмӕ куы ’рлӕууын кодта, уӕд сириӕгтӕ йемӕ схӕцыдысты. 18 Фӕлӕ сириӕгтӕ Израилы разӕй лидзӕг фесты+. Давид сириӕгтӕй амардта авд мин бӕхтӕрӕджы ӕмӕ цыппор мин фистӕг хӕстоны. Амардта сын се ’фсады хистӕр Совакы дӕр+. 19 Адраазары дӕлбар чи уыд, уыдон уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд Давидимӕ фидыды бадзырд скодтой ӕмӕ йӕ дӕлбар баисты+. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сирийы нал фӕндыд Аммоны фырттӕн ӕххуыс кӕнын+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын