Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ацы къуыри
28 июлӕй 3 августмӕ
Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025 | июль

28 ИЮЛӔЙ 3 АВГУСТМӔ

ӔМБИСӔНДТӔ 24

38 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Зындзинӕдтӕм цӕттӕ у

(10 мин.)

Дӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕн ӕмӕ ӕмбаргӕ у (Ӕм 24:5; it-2-U 473 ф., 5 абз.).

Ныфссаст куы уай, уӕддӕр-иу алы бон дӕр кув, Библи кӕс ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕ ма цух кӕн (Ӕм 24:10; w09 15/12 18 ф., 12, 13 абз.).

Нӕ уырнындзинад фидар куы уа ӕмӕ Йегъовӕйы куы уарзӕм, уӕд нӕ зындзинӕдтӕ сфӕраздзыстӕм (Ӕм 24:16; w20.12 15).

Уӕззау низӕй рынчын хо йе ’мбалимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕны. Йӕ мидбылты худы, афтӕмӕй йӕ планшеты сылгоймагӕн цыдӕр ӕвдисы.

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ӕм 24:27. Ацы стихӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w09 15/10 12)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ӕм 24:1–20 (th 11 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Уӕ ныхас фӕци, хорз хабары кой нӕма скодтай, афтӕмӕй (lmd 2 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ (lmd 3 урок, 4 пункт).

6. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймагӕн зӕгъ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи кӕй фӕахуыр кӕнынц ӕмӕ йын ратт Библи ахуыр кӕныны тыххӕй визиткӕ (lmd 4 урок, 3 пункт).

7. Раныхас

(3 мин.) lmd Уӕлӕмхасӕн А, 11 пункт. Темӕ «Хуыцау нын ӕргом кӕны ахсджиаг хабар» (th 6 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

99 зарӕг

8. Зындзинӕдты рӕстӕг кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнут

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фыдниз сыста, ӕрдзон бӕллӕх ӕрцӕуа, змӕстытӕ кӕнӕ хӕст райдайа, йе та нӕ ныхмӕ цӕуын райдайой. Ахӕм хабӕрттӕ куы ’рцӕуы, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауынц. Нӕхиуыл ахӕм хабӕрттӕ куы не ’рцӕуы, уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл фӕтыхсӕм ӕмӕ сын нӕ бон цӕмӕй вӕййы, уымӕй баххуыс кӕнӕм (1Кр 12:25, 26).

Цалдӕр нывы: хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнынц. 1. Ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Паддзахады зал аразынц. 2. Сӕ бӕстӕйӕ чи алыгъд, уыцы мад ӕмӕ чызгыл хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕмбӕлдысты ӕмӕ сыл цин кӕнынц. 3. Хо Паддзахады залы мысайнӕгты асыччы ӕхца ӕппары. 4. Йӕ бӕстӕйӕ лидзинаг чи фӕци, уыдонӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Паддзахады залы раз дӕттынц, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. 5. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ бутылкӕты дон дӕттынц. 6. Ӕфсымӕр кувы.

Бакӕсут 1 Паддзӕхты 13:6 ӕмӕ Иаковы 5:16б. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕты тыххӕй куы фӕкувынц, уӕд сӕ куывдтытӕн стыр тых цӕмӕн вӕййы?

Бакӕсут Марчы 12:42–44 ӕмӕ 2 Коринфӕгтӕм 8:1–4. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Кӕд, зын уавӕры чи бахауы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕныны тыххӕй нӕ бон мысайнаг бирӕ раттын нӕу, уӕддӕр хорз цӕмӕн у, нӕ бон цас у, уыйбӕрц мысайнаг дӕттын?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Не ’фсымӕрты фидар кодтам, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм уыд, уым». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Скӕсӕн Европӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм уыд, уыцы бӕстӕты ӕфсымӕртӕ се ’мчырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодтой?

  • Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы уыд, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд архайдтой, Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихты фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 4, 5 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 112 зарӕг ӕмӕ куывд

Сӕргӕндтӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2025 | май

21-ӕм ахуыргӕнӕн статья: 2025 азы 28 июлӕй 2025 азы 3 августмӕ

14 Тырнут, «ӕдзух чи уыдзӕн», уыцы горӕтмӕ

Ноджыдӕр ма кӕс

Ацы номыры ма цы статьятӕ ис, уыдон

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын