Иов
3 Мыййаг дын лӕгъстӕтӕ кӕндзӕн
Кӕнӕ дын фӕлмӕн ныхӕстӕ дзурдзӕн?
4 Мыййаг, демӕ бадзырд скӕндзӕн,
Цӕмӕй дзы цӕрӕнбонтӕм дӕхицӕн цагъар скӕнай?
5 Цъиуимӕ куыд хъазай, афтӕ йемӕ хъаздзынӕ?
Кӕнӕ йӕ бабӕтдзынӕ, цӕмӕй дзы дӕ гыццыл чызджытӕ сӕхи ирхӕфсой?
6 Кӕсагахсджытӕ йӕ истӕуыл баивдзысты?
Ныддихтӕ йӕ кӕндзысты ӕмӕ йӕ базаргӕнджытыл байуардзысты?
7 Йӕ царм ын ӕрцытӕй ныххуынчъытӕ кӕндзынӕ?+
Кӕнӕ йӕ сӕр – кӕсагахсӕн ӕрцытӕй?
8 Дӕ къух ыл куы ӕрӕвӕрай,
Уӕд дӕ уыцы тох никуы ферох уыдзӕн. Дыккаг хатт афтӕ нал бакӕндзынӕ.
9 Афтӕ ӕнхъӕл чи у, ӕмӕ йӕ ӕрцахсдзӕн, уый фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн.
Ӕрмӕст йӕ уындӕй дӕр йӕ хъуын арц слӕудзӕн ӕмӕ ахаудзӕн.
10 Ахӕм адӕймаг нӕй, уый бахъыгдарынмӕ йӕ ныфс чи бахӕсса.
Ӕмӕ уӕд мӕ разы та чи хъуамӕ фӕлӕууа фидар?+
12 Ӕз ӕнӕзӕгъгӕ нӕ фӕуыдзынӕн йӕ уӕнгты тыххӕй,
Йӕ тыхы ӕмӕ, куыд рӕсугъд конд у, уый тыххӕй.
13 Йӕ дарӕс ын исчи раласдзӕн?
Исчи йын йӕ дзыхы йӕ къух бакӕндзӕн?
14 Искуы йын исчи йе стыр ӕфсӕртӕ ахӕлиу кодта?
Йӕ дӕндӕгтӕ йын чи фены, уый баризы.
15 Уый хъал у йӕ бӕзджын хӕрвытӕй,
Йӕ цармыл хӕцынц, цыма сыл фидар мыхуыр ӕвӕрд ис, уыйау.
16 Йӕ хӕрвытӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ ӕнгом ӕвӕрд сты,
Ӕмӕ се ’хсӕн дымгӕ дӕр нӕ ацӕудзӕн.
17 Уыдон кӕрӕдзийыл сты ныхӕст,
Иу дзы иннӕйыл афтӕ ныххӕцыд, ӕмӕ сӕ нӕ фӕхицӕн кӕндзынӕ.
18 Куы ӕрӕхснырсы, уӕд рухс ферттивы.
Йӕ цӕстытӕ ӕрттивынц сӕуӕхсиды рухсау.
19 Йӕ дзыхӕй цӕуы арвӕрттывдтытӕ,
Ратӕхы дзы арты цӕхӕртӕ.
20 Йӕ фындзыхуынчъытӕй ракӕлы фӕздӕг,
Цыма, кӕрдӕгӕй арт кӕм скодтой, ахӕм пец у, уыйау.
21 Йӕ улӕфтӕй цӕхӕртӕ ссудзынц,
Йӕ дзыхӕй кӕлы пиллон арт.
22 Йӕ бӕрзӕй у фидар,
Йӕ разы чи вӕййы, уыдон фыртӕссӕй бандзыг вӕййынц.
23 Йӕ цармы счъилтӕ сты ӕнгом ӕвӕрд,
Ӕфсӕйнагӕй уӕлдай не сты – нӕ сӕ фезмӕлын кӕндзынӕ.
24 Йӕ зӕрдӕ у дуры хуызӕн хъӕбӕр,
Куыройы бинаг дурау хъӕбӕр.
25 Йӕхиуыл куы схӕцы, уӕд тыхджынты тас бацӕуы+,
Фыртӕссӕй сӕ сӕр сӕ кой свӕййы.
26 Нӕ йыл тых кӕны нӕ хъама,
Нӕ стыр арц, нӕ гыццыл арц, нӕ цыргъ фат+.
27 Ӕфсӕйнаг+ ӕм хъӕмпыхалӕй уӕлдай нӕ кӕсы,
Ӕрхуы – ӕмбыд хъӕдӕй уӕлдай.
28 Фат ӕй лидзӕг нӕ фӕкӕндзӕн,
Дурӕхсӕнӕй+ цы дуртӕ ратӕхы, уыдон ын хъӕмпӕй уӕлдай не сты.
29 Ставд хъил ӕм кӕсы хъӕмпы хуызӕн+,
Уый фӕхуды гыццыл арцы ӕхситтыл.
30 Йӕ гуыбыны цъар у ӕлыг мигӕнӕны цыргъ къӕрттыты хуызӕн,
Цъыфыл цыма найгӕнӕн дзоныгъ+ фӕласы, афтӕ вӕййы.
31 Доны ӕрфытӕ сызмӕнты, аджы дон куыд фыца, уыйау,
Денджыз фестын кӕны, хӕрздӕф сойтӕ кӕм фӕфыцынц, ахӕм аджы хуызӕн.
32 Йӕ фӕстӕ ныууадзы ӕрттиваг фӕд,
Арф дон свӕййы адӕймаджы урс сӕры хуызӕн.
33 Зӕххыл уый хуызӕн нӕй,
Уый афтӕ конд у, ӕмӕ, тас цы у, уый нӕ зоны.
34 Хъал сырдтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр кӕсы комкоммӕ.
Уый у ӕппӕт тыхджын сырдты паддзах».