Исай
3 Ӕцӕг Хицау+, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Иерусалим+ ӕмӕ Иудӕйӕн байсдзӕн, цӕй фӕрцы цӕрынц, уыдӕттӕ: нал сын ныууадздзӕн дзул ӕмӕ дон+, 2 байсдзӕн сын сӕ хъӕбатыр лӕгты ӕмӕ сӕ хӕстонты, сӕ тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ сӕ пехуымпарты+, сӕ дӕсныфӕрсджыты ӕмӕ сӕ хистӕр лӕгты+, 3 фӕндзай адӕймаджы сӕргъы чи лӕууы+, уыдоны, сӕ нымад лӕгты, сӕ уынаффӕгӕнджыты, сӕ дӕсныты ӕмӕ сӕ кӕлӕнгӕнджыты+. 4 Кънйӕзтӕй сын сӕвӕрдзынӕн гыццыл лӕппуты, ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ, сӕхи цы фӕнды, уый кӕндзысты+. 5 Адӕм кӕрӕдзи ссӕнддзысты, алчи суанг йӕ хионы дӕр+. Гыццыл лӕппу йӕ цӕсгом суадздзӕн зӕронд лӕгмӕ+, хуымӕтӕг адӕймаг – кадджынмӕ+. 6 Уӕд алчидӕр ныххӕцдзӕн йе ’фсымӕрыл йӕ фыды хӕдзары ӕмӕ йын зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ ис пӕлӕз. Ды у нӕ хъомысджын хицау+ ӕмӕ мӕнӕ ацы хӕлддзӕгтӕ дӕ къухы уӕнт». 7 Ӕмӕ уый уыцы бон зӕгъдзӕн: «Ӕз никӕй цӕфтӕ бӕтдзынӕн. Мӕ хӕдзары нӕй нӕдӕр дзул, нӕдӕр пӕлӕз. Ма мӕ ӕвӕрут адӕмӕн хицауӕй».
8 Иерусалим фӕкалд, Иудӕ ахауд+, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сты Йегъовӕйы ныхмӕ+, кадджын Хуыцауӕн йӕхи цӕстыты раз йӕ ныхмӕ цӕуынц+. 9 Сӕ цӕсгӕмттӕ сыл комдзог цӕуынц+. Уыдон дзурынц сӕ тӕригъӕдты тыххӕй, сты сын Содомы тӕригъӕдты хуызӕн+, ӕмӕ сӕ нӕ сусӕг кӕнынц. Додой сӕ сӕр! Сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы баппӕрстой+.
10 Зӕгъут, рӕстгӕнӕг фӕрнӕй кӕй цӕрдзӕн+, уымӕн ӕмӕ хӕрдзӕн йӕ къухты фыдӕбон+. 11 Додой йӕ къона фыдгӕнӕгӕн! Мӕгуыры бон ыл акӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр бакӕндзысты, йӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд кодта, афтӕ!+ 12 Мӕ адӕмы цӕстдарджытӕ сты ӕгъатыр, ӕмӕ сын хицӕуттӕ сты сылгоймӕгтӕ+. О мӕ адӕм, уӕ разамонджытӕ уӕ уӕ фӕндагӕй фӕхауӕггаг кодтой+, уыдоны аххосӕй уӕ фӕндаг нал уынут+.
13 Йегъовӕ сыстад, цӕмӕй йӕ хъуыддаг равзара, слӕууыд, цӕмӕй адӕмтӕн тӕрхон рахӕсса+. 14 Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕн ӕмӕ сӕ кънйӕзтӕн+.
«Сымах сӕнӕфсирдон бынсыгъд бакодтат. Уӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг кодтат, ӕфхӕрд адӕмӕй цы байстат, уыдӕттӕй+. 15 Мӕ адӕмы мын цӕмӕн ссӕндут? Ӕфхӕрд адӕмы туг цӕмӕн нуазут?»+ – зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
16 Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Сионы чызджытӕ кӕй схъал сты, сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты кӕй хӕссынц, сӕ цӕстытӕй сӕхимӕ кӕй сайынц, тасгӕ-уасгӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ, сӕ къӕхтыл цы аивгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй кӕй дзӕгъ-дзӕгъ кӕнынц+, 17 уый тыххӕй Йегъовӕ Сионы чызджытӕн сӕ тылтыл гӕбӕрниз бафтаудзӕн+, Йегъовӕ сын сӕ ныхтӕ слӕгуын кӕндзӕн+. 18 Уыцы бон сын Йегъовӕ байсдзӕн, сӕхи цӕмӕй срӕсугъд кӕнынц, уыдӕттӕ: сӕ къӕхтыл цы аивгӕнӕнтӕ бакӕнынц ӕмӕ сӕ сӕрыл цы бӕттӕнтӕ бабӕттынц, уыдон, стӕй уӕд мӕйы хуызӕн аивгӕнӕнтӕ+, 19 хъусцӕджытӕ, цонгдарӕнтӕ ӕмӕ кӕлмӕрзӕнтӕ+, 20 сӕрӕмбӕрзӕнтӕ, къахылдаргӕ лыстӕг рӕхыстӕ, рӕсугъд рӕттӕ+, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ* ӕмӕ аивгӕнӕн хъузджытӕ*+, 21 къухдарӕнтӕ ӕмӕ фындзылдаргӕ цӕгтӕ+, 22 бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕс, ӕддаг дарӕс, пӕлӕзтӕ ӕмӕ гыццыл дзӕкъултӕ, 23 гыццыл кӕсӕнтӕ+, мидӕггӕгтӕ, сарыхътӕ+ ӕмӕ стыр кӕлмӕрзӕнтӕ+.
24 Ӕмӕ бальзамы сойы+ тӕфы бӕсты кӕлдзӕн хъуынайы тӕф, рӕтты бӕсты сыл уыдзӕн бӕндӕнтӕ, рӕсугъд сӕрыфасты бӕсты сӕ сӕртӕ уыдзысты лӕгуын+, хъӕздыг уӕлӕдарӕсы бӕсты сыл уыдзӕн хъисынтӕ+, рӕсугъддзинады бӕсты – бӕрӕггӕнӕн гакк+. 25 Дӕ адӕм фӕцагъды уыдзысты хъамайӕ, дӕ хъӕбатыртӕ фӕмард уыдзысты хӕсты+. 26 Ӕмӕ горӕты кулдуӕрттӕ кӕудзысты+ ӕмӕ хъыг кӕндзысты. Горӕт сафтид уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл сбаддзӕн»+.