Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Тӕрхонгӕнджыты 12
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Тӕрхонгӕнджыты 12:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 8:1; Ӕм 8:13; 16:18; Иак 3:16
  • +Трх 14:15; 15:6; 2Аз 25:10

Тӕрхонгӕнджыты 12:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 11:6, 9

Тӕрхонгӕнджыты 12:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 9:17; 1См 19:5; 28:21; 2См 23:17; Иов 13:14; Пс 119:109
  • +Трх 11:29

Тӕрхонгӕнджыты 12:4

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «сымах стут, Ефремӕй чи фӕлыгъд, уыцы адӕм».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 3:12, 13

Тӕрхонгӕнджыты 12:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 2:7; Трх 3:28; 7:24

Тӕрхонгӕнджыты 12:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 26:73
  • +Ӕм 16:5; 17:19; Ек 10:12

Тӕрхонгӕнджыты 12:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 2:16
  • +ЙсН 19:10, 15

Тӕрхонгӕнджыты 12:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 30:20; ЙсН 19:10; Трх 5:14

Тӕрхонгӕнджыты 12:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 12:15; 2См 23:30; 1Аз 27:14

Тӕрхонгӕнджыты 12:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 5:10; 10:4

Тӕрхонгӕнджыты 12:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 36:12; Рц 17:16; Нм 13:29; 1См 15:2

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Тӕрх. 12:1Трх 8:1; Ӕм 8:13; 16:18; Иак 3:16
Тӕрх. 12:1Трх 14:15; 15:6; 2Аз 25:10
Тӕрх. 12:2Трх 11:6, 9
Тӕрх. 12:3Трх 9:17; 1См 19:5; 28:21; 2См 23:17; Иов 13:14; Пс 119:109
Тӕрх. 12:3Трх 11:29
Тӕрх. 12:4Д.з 3:12, 13
Тӕрх. 12:5ЙсН 2:7; Трх 3:28; 7:24
Тӕрх. 12:6Мф 26:73
Тӕрх. 12:6Ӕм 16:5; 17:19; Ек 10:12
Тӕрх. 12:8Трх 2:16
Тӕрх. 12:8ЙсН 19:10, 15
Тӕрх. 12:11Рд 30:20; ЙсН 19:10; Трх 5:14
Тӕрх. 12:13Трх 12:15; 2См 23:30; 1Аз 27:14
Тӕрх. 12:14Трх 5:10; 10:4
Тӕрх. 12:15Рд 36:12; Рц 17:16; Нм 13:29; 1См 15:2
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Тӕрхонгӕнджыты 12:1–15

Тӕрхонгӕнджыты

12 Уӕд Ефремы мыггаджы адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ ных цӕгатырдӕм сарӕзтой, цӕугӕдоныл ахызтысты ӕмӕ Йеффайӕн загътой: «Аммоны фырттимӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?+ Дӕ хӕдзар дын арты хай бакӕндзыстӕм, дӕхӕдӕг дӕр йӕ мидӕг, афтӕмӕй»+. 2 Фӕлӕ сын Йеффай загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ адӕм Аммоны фырттимӕ карз тохы бацыдыстӕм+. Дзырдтон уӕм ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сымах нӕ фервӕзын кодтат сӕ къухӕй. 3 Нӕ мӕ ирвӕзын кӕнут, уый куы федтон, уӕд загътон, цӕрон ӕви мӕлон+, уӕддӕр хъуамӕ схӕцон Аммоны фырттимӕ+. Ӕмӕ мын сӕ Йегъовӕ мӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ ныр цӕмӕн рацыдыстут мӕ ныхмӕ?»

4 Гъемӕ Йеффай уайтагъд Галаады цӕрджыты амбырд кодта+ ӕмӕ Ефремы мыггагимӕ схӕцыди. Ӕмӕ галаадӕгтӕ Ефремы фыртты фӕцагътой, уымӕн ӕмӕ афтӕ дзырдтой: «Галаадӕгтӕ, сымах Ефрем ӕмӕ Манассийы зӕххыл цӕрут, фӕлӕ Ефремӕн ничи стут*». 5 Галаадӕгтӕ Иорданы тӕнджытӕ бацахстой+ ӕмӕ ефремӕгтӕн сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдтой. Ӕмӕ-иу ефремӕгтӕй алидзынмӕ чи хъавыд, уый-иу сын куы загъта, ауадзут мӕ иннӕ фарсмӕ, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй галаадӕгтӕ бафарстой: «Ды Ефремӕй нӕ дӕ?» Ӕмӕ-иу куы загъта, нӕ дӕн, зӕгъгӕ, 6 уӕд-иу ын загътой: «Уӕдӕ-ма зӕгъ „шибболет“»+. Уый та-иу загъта „сибболет“, уымӕн ӕмӕ уыцы дзырд раст зӕгъын йӕ бон нӕ уыд. Уӕд-иу ӕй ӕрцахстой ӕмӕ-иу ӕй Иорданы тӕнджыты раз амардтой. Уыцы рӕстӕг ефремӕгтӕй фӕмард цыппор дыууӕ мин адӕймаджы+.

7 Йеффай Израилӕн тӕрхон кодта ӕхсӕз азы. Стӕй галаадаг Йеффай амард ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ горӕты, Галаады.

8 Йеффайы фӕстӕ Израилӕн тӕрхон кодта+ вифлеемаг+ Есевон. 9 Уыдис ын ӕртын лӕппуйы ӕмӕ ӕртын чызджы. Есевон арвыста ӕмӕ йӕ фырттӕн ракуырдта ӕртын чызджы, йӕхи хӕдзарвӕндагӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕртӕй. Есевон Израилӕн тӕрхон кодта авд азы. 10 Стӕй амард ӕмӕ йӕ Вифлеемы бавӕрдтой.

11 Йӕ фӕстӕ Израилӕн тӕрхон кӕнын райдыдта завулойнаг+ Елон. Уый Израилӕн тӕрхон кодта дӕс азы. 12 Стӕй завулойнаг Елон амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Аиалоны, Завулоны зӕххыл.

13 Уый фӕстӕ та Израилӕн тӕрхон кӕнын райдыдта пирафойнаг+ Гиллелы фырт Авдон. 14 Уыдис ын цыппор фырты ӕмӕ ӕртын фырты фырты, ӕмӕ-иу цыдысты ӕвдай хӕрӕгыл+. Авдон Израилӕн тӕрхон кодта аст азы. 15 Стӕй пирафойнаг Гиллелы фырт Авдон амард ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Пирафоны, Ефремы зӕххыл, амаликӕгты+ хӕхбӕсты.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын