1 Самуилы
29 Филистимӕгтӕ+ се ’фсад иууылдӕр Афекмӕ ӕрӕмбырд кодтой. Израилӕгтӕ та ӕрбынат кодтой, Изреелы+ цы суадон уыд, уый раз. 2 Филистимӕгты цӕдисон паддзӕхты+ ӕфсӕдтӕ цыдысты сӕдӕгӕйттӕй ӕмӕ мингӕйттӕй. Давид ӕмӕ йӕ адӕм та цыдысты Анхусы+ фӕдыл. 3 Филистимаг кънйӕзтӕ дзурын райдыдтой: «Ацы дзуттӕгты+ та ам цы хъӕуы?» Анхус сын загъта: «Уый мӕнӕ Давид у, Израилы паддзах Саулы лӕггадгӕнӕг. Ныр афӕдз ӕви дыууӕ азы бӕрц+ мемӕ ис, ӕмӕ мӕнмӕ куы ралыгъд, уӕдӕй абоны онг ӕм ӕз ӕвзӕрӕй ницы ссардтон»+. 4 Фӕлӕ йӕм филистимаг кънйӕзтӕ смӕсты сты ӕмӕ йын загътой: «Арвит ацы лӕджы фӕстӕмӕ+. Цы бынат ын радтай, уырдӕм аздӕхӕд. Нӕ йӕ хъӕуы немӕ хӕстмӕ уадзын, кӕннод тохы рӕстӕг нӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн+. Кӕд нын нӕ адӕмы сӕртӕй не ссара йӕ хицауы хорзӕх, уӕд ма цӕмӕй? 5 Ай уыцы Давид нӕу, йӕ размӕ-иу кафгӕ кӕмӕн рацыдысты ӕмӕ-иу афтӕ кӕмӕн зарыдысты: „Саул знӕгтӕй амардта минтӕ, Давид та – дӕсгай минтӕ“?»+
6 Ӕмӕ уӕд Анхус+ Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз дын сомы кӕнын+, ды ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг дӕ, ӕмӕ мӕн бӕргӕ фӕнды+, цӕмӕй мемӕ хӕстмӕ ацӕуай+, уымӕн ӕмӕ де ’рцыдӕй абоны онг ӕз дӕумӕ ӕвзӕрӕй ницы ссардтон+. Фӕлӕ цӕдисон паддзӕхтӕ+ дӕ ныхмӕ сты. 7 Уӕдӕ аздӕх ӕмӕ фарнимӕ цу, цӕмӕй филистимӕгты цӕдисон паддзӕхты цӕсты ӕвзӕрӕй мацы саразай». 8 Фӕлӕ Давид Анхусӕн загъта: «Цы кодтон?+ Цы бон дӕм ӕрцыдтӕн, уӕдӕй абонмӕ дӕ цагъармӕ ӕвзӕрӕй исты ссардтай?+ Цӕуылнӕ хъуамӕ ацӕуон ӕмӕ мӕ буц хицауы знӕгтимӕ, мӕ паддзахы знӕгтимӕ, цӕуылнӕ хъуамӕ схӕцон?» 9 Уӕд Анхус Давидӕн загъта: «Мӕнӕн хорз дӕ, раст Хуыцауы зӕды хуызӕн+. Фӕлӕ филистимаг кънйӕзтӕ загътой, ма, дам, рацӕуӕд немӕ хӕстмӕ. 10 Гъемӕ уӕдӕ райсом раджы сыст, ды дӕр ӕмӕ, дӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕй демӕ чи рацыд, уыдон дӕр. Сыстут райсомӕй раджы, куыддӕр ӕрбарухс уа, афтӕ, ӕмӕ ацӕут»+.
11 Гъемӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм райсомӕй раджы сыстадысты+ ӕмӕ фӕстӕмӕ филистимӕгты зӕхмӕ ацыдысты. Филистимӕгтӕ та араст сты Изреелмӕ+.