Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Азфыстыты 16:40
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 40 цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕдзухдӕр, райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр, судзинаг нывӕндтӕ хӕссынӕн чи уыд, уыцы нывондхӕссӕныл хастаиккой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ цӕмӕй ӕххӕст кодтаиккой, Йегъовӕ Израилӕн кӕй радта, уыцы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый+.

  • 2 Азфыстыты 2:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Ӕз та фӕнд кӕнын мӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+ хӕдзар саразын+ ӕмӕ йын ӕй снывонд кӕнын+, цӕмӕй йӕ разы хӕрздӕф буд+ судзон, ӕдзухдӕр йӕ разы нывонд дзултӕ+ ӕвӕрон ӕмӕ йын алы райсом дӕр ӕмӕ алы изӕр+ дӕр, стӕй сабатбонты+, мӕй куы сног вӕййы+, уыцы бонты ӕмӕ нын нӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бӕрӕгбӕттӕ бафӕдзӕхста кӕнын, уыдоны рӕстӕг+ судзинаг нывӕндтӕ хӕссон. Уый Израилы адӕмӕн ӕххӕстгӕнинаг у ӕнустӕм+.

  • 2 Азфыстыты 13:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Алы райсом дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр+ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссынц, стӕй ссудзынц хӕрздӕф буд+. Сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд стъолыл нывонд дзултӕ ӕрӕвӕрынц+ ӕмӕ алы изӕр дӕр+ сызгъӕрин цырагъдарӕнты+ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон+, сымах та йӕ ныууагътат+.

  • Данел 9:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Уый фӕрцы бадзырд+ къуырийы+ дӕргъы бирӕты тыххӕй уыдзӕн йӕ тыхы, ӕмӕ къуырийы астӕу нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн+.

      Ӕлгъагдзинӕдты базырыл уыдзӕн, бӕстӕ чи сафы, уый+. Цы уынаффӕ ӕрцыд хаст, уый баййафдзӕн, ӕдзӕрӕгӕй чи лӕудзӕн, уый дӕр, цалынмӕ бынтондӕр нӕ фесӕфа»+.

  • Дзуттӕгтӕм 7:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Иннӕ хистӕр сауджынтау ӕй алы бон+ нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын, фыццаг йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй+, стӕй та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ уый уыцы хъуыддаг бакодта ӕрмӕстдӕр иу хатт+, йӕхи нывондӕн куы ’рхаста, уӕд+.

  • Дзуттӕгтӕм 10:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Стӕй алы сауджын дӕр ӕрвылбон+ балӕууы йӕ бынаты+, цӕмӕй адӕмӕн лӕггад кӕна ӕмӕ ӕдзух хӕсса уыцы иу нывӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы нывӕндтӕн сӕ бон нӕу тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕнын+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын