Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 12:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ* скадджын кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ суай арфӕдзинад+.

  • Райдиан 15:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Уый фӕстӕ йӕ ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ банымай стъалытӕ, кӕд сӕ дӕ бон банымайын суа, уӕд»+. Ӕмӕ ма йын Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр»+.

  • Райдиан 46:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн ӕцӕг Хуыцау+, дӕ фыды Хуыцау+. Ма тӕрс, ацу Египетмӕ. Уым ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм+.

  • Рацыд 1:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Израилы фырттӕн та сывӕллӕттӕ гуырди ӕмӕ тынг сбирӕ сты. Сӕ нымӕц кодта фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ систы тынг тыхджын адӕм, ӕмӕ уыцы зӕххыл байдзаг сты+.

  • Рацыд 38:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Нымад чи ’рцыд,– дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди+,– уыдон уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мины фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы+, ӕмӕ сӕ алкӕмӕй дӕр ӕвзист райстой сиклы ’рдӕг.

  • Нымӕцтӕ 2:32
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 32 Адон сты, Израилы фырттӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон. Се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ алы къордӕй дӕр фыст чи ’рцыд+, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕджы.

  • Нымӕцтӕ 11:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Цы адӕмы ’хсӕн дӕн, уым ис ӕхсӕзсӕдӕ мин фистӕг лӕджы+, ды та афтӕ зӕгъыс: „Ӕз сын ратдзынӕн дзидза, ӕмӕ йӕ хӕрдзысты ӕнӕхъӕн мӕй!“

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын