Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 20:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 «Райс дӕ лӕдзӕг+. Адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн, ӕрӕмбырд сӕ кӕнут ды ӕмӕ де ’фсымӕр Аарон, ӕмӕ се ’ппӕты раз къӕдзӕхӕн зӕгъут, цӕмӕй дон ратта. Къӕдзӕхӕй дон рауадз ӕмӕ адӕмӕн сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр дон ратт, ӕмӕ бануазой»+.

  • Дыккаг закъон 8:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Кодта дӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырыл+ – маргджын кӕлмытӕ+ ӕмӕ скорпионтӕ кӕм ис, уыцы ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл. Фидар къӕдзӕхӕй* дын дон дӕр рауагъта+.

  • Нееми 9:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Уӕларвӕй сын дзул радтай ӕмӕ сӕ бафсӕстай+, къӕдзӕхӕй сын дон рауагътай ӕмӕ сын сӕ дойны басастай+. Загътай сын, цӕмӕй ацыдаиккой+ ӕмӕ сӕхи бакодтаиккой, дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сын цы зӕххы тыххӕй расомы кодтай, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уый+.

  • Псалом 78:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕдзӕрӕг быдыры-иу къӕдзӕхтӕ афаста+,

      Цӕмӕй сын дон лӕвӕрдтаид парахатӕй, цыма йӕ арф дӕттӕй иста, афтӕ+.

  • Псалом 105:41
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 41 Фегом кодта къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон ракалд+,

      Цӕугӕдонау агуылф кодта ӕнӕдон рӕттӕм+.

  • Псалом 114:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  8 Къӕдзӕх цад чи фестын кодта+,

      Фидар къӕдзӕх* – доны гуылфӕн, уый раз+.

  • Исай 48:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Ӕдзӕрӕг быдыртыл+ сӕ куы кодта, уӕд дойныйӕ+ нӕ мардысты. Уый афтӕ бакодта, цӕмӕй сын къӕдзӕхӕй дон ракалдаид, къӕдзӕх афаста, цӕмӕй дзы дон рагуылф кодтаид»+.

  • 1 Коринфӕгтӕм 10:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 ӕмӕ се ’ппӕт дӕр нызтой уыцы иу нуазинаг – лӕвӕрдта сын ӕй Хуыцау+. Уыдон нызтой, сӕ фӕстӕ чи цыд, уыцы къӕдзӕхӕй+ – уый дӕр сын радта Хуыцау, ӕмӕ уыцы къӕдзӕх+ ӕвдыста Чырыстийы+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын