-
Рацыд 20:18Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
18 Адӕм иууылдӕр хъуыстой арвы нӕрын ӕмӕ сыкъайы уаст ӕмӕ уыдтой, арв цӕхӕртӕ куыд калы ӕмӕ хохӕй фӕздӕг куыд цӕуы. Ӕмӕ уыдӕттӕ уынгӕйӕ адӕм фыртӕссӕй барызтысты ӕмӕ, кӕм уыдысты, уым, хохӕй дардгомау, лӕугӕйӕ баззадысты+.
-
-
Йесо Навин 6:4Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
4 Авд сауджыны авд сыкъаимӕ, фыры сыкъатимӕ, хъуамӕ цӕуой бадзырды чырыны разӕй. Ӕвдӕм бон та горӕты алыварс хъуамӕ ӕрзилат авд хатты, ӕмӕ сауджынтӕ хъуамӕ уасой сыкъатӕй+.
-