Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:40
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 40 Ӕмӕ сӕ фыдӕлтау мӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыдысты+ ӕмӕ афтӕмӕй мӕ разы тӕригъӕд кӕй арӕзтой, ууыл басӕтдзысты+.

  • Нымӕцтӕ 5:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ахӕм адӕймаг хъуамӕ йӕ тӕригъӕдыл басӕтта+ ӕмӕ хъуамӕ йӕ аххосы тыххӕй, цы зиан ракодта, уый тыххӕй, цы ӕмбӕлы, уый бафида ӕмӕ ма йӕм ноджыдӕр уымӕн йӕ фӕндзӕм хай бафтауа+. Хъуамӕ сӕ ратта, зиан кӕмӕн ракодта, уымӕн.

  • Йесо Навин 7:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Ӕмӕ уӕд Йесо Аханӕн загъта: «Мӕ фырт, дӕ хорзӕхӕй, скад кӕн Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+ ӕмӕ йын дӕ тӕригъӕд раргом кӕн+. Курын дӕ, зӕгъ мын+, цы сарӕзтай? Мацы мӕ басусӕг кӕн»+.

  • Ездрӕ 10:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Ӕмӕ ныр уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы раз уӕ тӕригъӕдтыл басӕттут+ ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый саразут+ – фӕхицӕн ут уӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй цы устытӕ ӕрхастат, уыдонӕй»+.

  • Псалом 32:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Ӕппынфӕстаг дын мӕ тӕригъӕд раргом кодтон, нӕ басусӕг кодтон мӕ рӕдыд+.

      Ӕз загътон: «Йегъовӕйӕн мӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕндзынӕн»+.

      Ӕмӕ мын ды мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай+. (Села́)

  • Ӕмбисӕндтӕ 28:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн+, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ+.

  • 1 Иоанны 1:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Кӕд нӕ тӕригъӕдтыл сӕттӕм+, уӕд нын сӕ Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ алы фыддзинадӕй дӕр ссыгъдӕг кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый у иузӕрдион ӕмӕ рӕстаг Хуыцау.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын