Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 24:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Хъотыр+ уӕм куы фӕзына, уӕд кӕсут, ӕнӕмӕнгӕй бакӕнут, левит-сауджынтӕ уын куыддӕриддӕр зӕгъой, афтӕ+. Куыддӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕнут+.

  • Дыккаг закъон 33:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Уадз бацамонӕд Иаковӕн дӕ тӕрхӕттӕ+

      Ӕмӕ Израилӕн – дӕ закъон+.

      Уадз ӕмӕ дын судзӕд буд, йӕ тӕф дӕ фындзыл куыд ӕмбӕла+,

      Дӕ нывондхӕссӕныл дын хӕссӕд судзинаг нывӕндтӕ+.

  • 2 Азфыстыты 17:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Семӕ ахастой Йегъовӕйы закъоны чиныг+ ӕмӕ Иудӕйы адӕмы ахуыр кӕнын райдыдтой+. Уыдон зылдысты Иудӕйы ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой.

  • Нееми 8:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Уыдон ӕцӕг Хуыцауы закъоны чиныг хъӕрӕй кастысты+, стӕй-иу ӕй бамбарын кодтой ӕмӕ-иу ын йӕ хъуыды райхӕлдтой, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цы сын кастысты, уый ӕмбарынӕн+.

  • Йереми 18:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Фӕлӕ уыдон загътой: «Цом ӕмӕ Йеремийӕн исты ӕрхъуыды кӕнӕм+, уымӕн ӕмӕ нӕ сауджынтӕм алкӕддӕр уыдзӕн закъон+, зондджынтӕм – уынаффӕ ӕмӕ пехуымпартӕм – ныхас+. Цом ӕмӕ йын дзӕбӕх фӕуӕм+, йӕ ныхӕстӕй та йын иумӕ дӕр нӕ хъус не ’рдардзыстӕм».

  • Малахи 2:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ цӕуа зонындзинад, ӕмӕ адӕм закъон базонынмӕ хъуамӕ уымӕ цӕуой+, уымӕн ӕмӕ уый ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы минӕвар у+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын