Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 28:38
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 38 Уый уыдзӕн Аароны ныхыл, ӕмӕ Аарон дзуапп дӕтдзӕн, Израилы фырттӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ кӕй ӕруадзой, уыцы рӕдыдтыты тыххӕй+. Уыдон сты, Израилы фырттӕ кӕй хъуамӕ хӕссой, ахӕм лӕвӕрттӕ Хуыцауӕн. Уыцы тъӕпӕн гӕбаз йӕ ныхыл хъуамӕ уа ӕдзухдӕр, цӕмӕй-иу адӕм Йегъовӕйы хорзӕх ссарой+.

  • Нымӕцтӕ 18:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Йегъовӕ Ааронӕн загъта: «Ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ хӕдзарвӕндаг дзуапп дӕтдзыстут, кувӕн бынаты тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон исчи куы фехала, уӕд+. Ӕмӕ ды ӕмӕ дӕ фырттӕ дзуапп дӕтдзыстут, сауджынты лӕггады тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон исчи куы фехала, уӕд дӕр+.

  • Исай 53:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Йӕ уд мӕстытӕ кӕй бавзӕрста, уый тыххӕй фендзӕн хорз хъуыддӕгтӕ+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕн+. Уыцы рӕстгӕнӕг, мӕ лӕггадгӕнӕг+, йӕ зонындзинӕдты фӕрцы бирӕтӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуой+. Уый сын сӕ тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн+.

  • Иоанны 1:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Иннӕ бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк+, уый дунейы тӕригъӕдтӕ+ ахӕсдзӕн!+

  • 2 Коринфӕгтӕм 5:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Тӕригъӕд чи никуы сарӕзта+, уый Хуыцау нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн ӕрхаста+, цӕмӕй уый фӕрцы Хуыцауы цӕсты суӕм рӕстгӕнджытӕ+.

  • Дзуттӕгтӕм 9:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи нывондӕн ӕрхаста+ ӕрмӕстдӕр иу хатт+. Дыккаг хатт+ та уый тыххӕй нал фӕзындзӕн+, цӕмӕй тӕригъӕд фесафа+. Ӕмӕ куы фӕзына, уӕд ӕй фендзысты, ирвӕзындзинадмӕ йӕм зӕрдиагӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон+.

  • 1 Петры 2:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ+ йӕ буары мидӕг хъӕдмӕ систа+, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзӕм+ ӕмӕ рӕстӕй цӕрӕм. Ӕмӕ «йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сымах сдзӕбӕх стут»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын