-
2 Азфыстыты 5:12Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
12 Асафы+, Еманы+ ӕмӕ Идифуны+ къордтӕй, сӕ фырттӕй ӕмӕ се ’фсымӕртӕй чи уыд, уыцы левиттӕ+ – зарӕггӕнджытӕ, зынаргъ хъуымацӕй конд уӕлӕдарӕсы, лӕууыдысты нывондхӕссӕнӕн скӕсӕнырдыгӕй ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+, хъисфӕндыртимӕ+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+. Сӕ разы ма лӕууыд сӕдӕ дыууын сауджыны ӕмӕ уадындзтӕй уасыдысты+.
-
-
2 Азфыстыты 7:6Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
6 Сауджынтӕ+ лӕууыдысты сӕ бынӕтты, семӕ лӕууыдысты левиттӕ+ дӕр, Йегъовӕйӕн кӕй цагъдмӕ зарыдысты, уыцы музыкалон инструменттимӕ+. Уыцы инструменттӕ паддзах Давид+ сарӕзта Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнынӕн, цӕмӕй-иу Хуыцауы куы кадджын кодтаид, уӕд-иу левиттӕ цагътаиккой ӕмӕ дзырдтаиккой, «уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм», зӕгъгӕ. Сӕ акомкоммӕ чи лӕууыд, уыцы сауджынтӕ уадындзтӕй+ хъӕрӕй уасыдысты, израилӕгтӕ та се ’ппӕт дӕр кодтой лӕугӕ.
-