-
Рацыд 18:25Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
25 Ӕгас Израилӕй равзӕрста фӕлтӕрд лӕгты ӕмӕ сӕ адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта+: кӕй мин адӕймаджы сӕргъы, кӕй сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дӕс адӕймаджы сӕргъы.
-
-
Дыккаг закъон 1:15Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
15 Уӕд уын ӕз уӕ мыггӕгты хистӕрты, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрд лӕгты, уӕ сӕргъы сӕвӕрдтон: кӕй дзы мин адӕймаджы сӕргъы сӕвӕрдтон, кӕй – сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй – фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй – дӕс адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дзы уӕ мыггӕгты разамонджытӕй сӕвӕрдтон+.
-