-
Дыккаг закъон 13:5Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
5 Уыцы пехуымпары+ кӕнӕ фынтӕуынӕджы та хъӕуы амарын+, уымӕн ӕмӕ уӕ кӕны уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ, Египеты зӕххӕй уӕ чи ракодта, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй* уӕ чи ссӕрибар кодта, уый ныхмӕ, цӕмӕй, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы фӕндагыл бафӕдзӕхста цӕуын, уыцы фӕндагӕй уӕ фӕиппӕрд кӕна+. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+.
-
-
2 Самуилы 7:23Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
23 Кӕцы адӕм сты дӕ адӕм Израилы хуызӕн?+ О Хуыцау, ды ’рцыдтӕ, цӕмӕй сӕ дӕхицӕн балхӕдтаис+, цӕмӕй дӕхицӕн ном скодтаис+ ӕмӕ сӕ разы сарӕзтаис стыр ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+ – цӕмӕй дӕ адӕмы тыххӕй, Египетӕй дӕхицӕн кӕй ракодтай+, уыдоны тыххӕй, фӕсырдтаис иннӕ адӕмты ӕмӕ сӕ хуыцӕутты.
-