Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 17:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 ӕмӕ куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы кува ӕмӕ сӕ разы, стӕй хур, мӕй ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты* раз+ йӕ зонгуытыл куы лӕууа – ӕз та уый нӕ фӕдзӕхстон+,–

  • 2 Паддзӕхты 17:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Сӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ныууагътой+ ӕмӕ сӕхицӕн скодтой ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ+, дыууӕ роды+, стӕй ма кувӕн цӕджындз+ дӕр. Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты* раз сӕ зонгуытыл лӕууыдысты+ ӕмӕ Ваалӕн куывтой+.

  • Йереми 8:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕндзысты хуры бын, мӕйы бын ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдоны* бын – кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой, кӕй фӕдыл цыдысты+, кӕй агуырдтой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын+. Уыцы стджытӕ нӕдӕр ӕмбырд ӕркӕндзысты, нӕдӕр сӕ ныгӕнгӕ бакӕндзысты. Фаджысау суыдзысты зӕххы цъарыл»+.

  • Йезекил 8:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Ӕмӕ мӕ бакодта Йегъовӕйы хӕдзары мидӕггаг кӕртмӕ+, ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндоны бахизӕны раз, кувӕндоны мӕсыгӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн+, федтон дыууын фондз лӕджы+. Уыдонӕн сӕ чъылдымтӕ здӕхт уыдысты Йегъовӕйы кувӕндоны ’рдӕм+, кӕсгӕ та кодтой скӕсӕнырдӕм, ӕмӕ-иу ныллӕг акуывтой скӕсӕнырдӕм, хурӕн+.

  • Софони 1:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 стӕй йӕ хӕдзары сӕр, арвыл цы ис, уыдӕттӕн* чи табу кӕны+, йӕ зонгуытыл ӕрхаугӕйӕ+ Йегъовӕйӕн чи сомы кӕны+ ӕмӕ ма Малхамӕй дӕр чи сомы кӕны, уыдоны+,

  • Хъуыддӕгтӕ 7:43
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 43 Сымах уемӕ хастат Молохы*+ цатыр ӕмӕ стъалы-хуыцау+ Ремфаны. Уыцы гуымирытӕ сарӕзтат, цӕмӕй уыдонӕн куват. Уымӕ гӕсгӕ уӕ ӕз Вавилонӕй дӕр дарддӕр арвитдзынӕн“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын