Дыккаг закъон 10:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 О Израил, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ Цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуай+, уарзай+ йӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай+, Псалом 111:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн+.ש [Син]Йӕ бардзырдтӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты ӕмбаргӕ+.ת [Тав]Кад ын уӕд ӕнустӕм+. Ӕмбисӕндтӕ 14:27 Библи – Ног дунейы тӕлмац 27 Йегъовӕйӕ тӕрсын у царды суадон+, уый адӕймаджы бахизы мӕлӕты къӕппӕджытӕй+. Екклесиаст 8:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Кӕд афтӕ вӕййы, ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕймаг сӕдӕ хатты саразы ӕвзӕрдзинад+, фӕлӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн бирӕ фӕцӕры, уӕддӕр ӕй ӕз зонын: хорз уыдзӕн, ӕцӕг Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдонӕн+, уымӕн ӕмӕ уыдон тӕрсынц Хуыцауӕй+.
12 О Израил, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ Цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуай+, уарзай+ йӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай+,
10 Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн+.ש [Син]Йӕ бардзырдтӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты ӕмбаргӕ+.ת [Тав]Кад ын уӕд ӕнустӕм+.
12 Кӕд афтӕ вӕййы, ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕймаг сӕдӕ хатты саразы ӕвзӕрдзинад+, фӕлӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн бирӕ фӕцӕры, уӕддӕр ӕй ӕз зонын: хорз уыдзӕн, ӕцӕг Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдонӕн+, уымӕн ӕмӕ уыдон тӕрсынц Хуыцауӕй+.