Рацыд 6:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Уӕдӕ афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракӕндзынӕн Египетӕй ӕмӕ тыхкуыст нал кӕндзыстут, ссӕрибар уӕ кӕндзынӕн йӕ цагъарадӕй+, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ уӕ мӕ тыхджын цонгӕй фервӕзын кӕндзынӕн+. Рацыд 13:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон. Ацы бон рацыдыстут Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*. Уӕ зӕрдыл ӕй дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ардыгӕй ракодта йӕ фидар къухӕй+. Уӕдӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕрут+. Исай 51:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Денджыз, ӕнӕкӕрон арф дӕттӕ, ды нӕ басур кодтай?+ Денджызы ӕрфыты ды нӕ акодтай фӕндаг, цӕмӕй йыл, ӕлхӕд чи ’рцыд, уыдон ахызтаиккой?+
6 Уӕдӕ афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракӕндзынӕн Египетӕй ӕмӕ тыхкуыст нал кӕндзыстут, ссӕрибар уӕ кӕндзынӕн йӕ цагъарадӕй+, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ уӕ мӕ тыхджын цонгӕй фервӕзын кӕндзынӕн+.
3 Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон. Ацы бон рацыдыстут Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*. Уӕ зӕрдыл ӕй дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ардыгӕй ракодта йӕ фидар къухӕй+. Уӕдӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕрут+.
10 Денджыз, ӕнӕкӕрон арф дӕттӕ, ды нӕ басур кодтай?+ Денджызы ӕрфыты ды нӕ акодтай фӕндаг, цӕмӕй йыл, ӕлхӕд чи ’рцыд, уыдон ахызтаиккой?+