Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 15:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Уе ’хсӕн хъуамӕ мӕгуыртӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл+.

  • Дыккаг закъон 24:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Дӕ хуым куы кӕрдай+ ӕмӕ дӕ дӕ хуымы куырис куы ферох уа, уӕд-иу фӕстӕмӕ йӕ рахӕссынмӕ ма аздӕх. Ныууадз ӕй ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн+, цӕмӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кӕна+.

  • Псалом 41:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 41 Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг+.

      Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 22:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуырӕн хай кӕны+.

  • Исай 32:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Рӕдау адӕймаг та разӕнгард кӕны рӕдаудзинадмӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр рӕдау адӕймагӕй баззайдзӕн+.

  • 2 Коринфӕгтӕм 9:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Стӕй Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ йе стыр хорзӕх ӕгасӕй дӕр сымахмӕ сараза ӕмӕ уӕ схъӕздыг кӕна, цӕмӕй цух макуы мацӕмӕй уат ӕмӕ уӕ алы хорз хъуыддаг+ аразынӕн цы хъӕуы, уый уӕм уӕлдайджынтӕй уа.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын