Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 23:40
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 40 Фыццаг бон райсут бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕ, пальмӕбӕлӕсты къалиутӕ+, сыфтӕрджын бӕлӕсты ӕмӕ, дӕлвӕзты чи зайы, уыцы гӕдыбӕлӕсты къалиутӕ, ӕмӕ авд боны цин кӕнут+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз.

  • Дыккаг закъон 12:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Цин кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз+: уӕхӕдӕг дӕр, уӕ фырттӕ дӕр, уӕ чызджытӕ дӕр, уӕ цагъар-нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ, уӕ горӕты цы левиттӕ цӕры, уыдон дӕр,– левиттӕн уемӕ нӕдӕр хай ис, нӕдӕр бынтӕ+.

  • Дыккаг закъон 26:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕн кӕй радта, ӕппӕт уыцы хорздзинӕдтыл цин кӕн+ – цин кӕн дӕхӕдӕг дӕр, цин кӕнӕд левит дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр+.

  • Нееми 8:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Ӕмӕ сын Нееми загъта: «Ацӕут ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр хӕринӕгтӕ* хӕрут, адджын нуазинӕгтӕ нуазут ӕмӕ, цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн хӕйттӕ ӕрвитут+, уымӕн ӕмӕ ацы бон нӕ Хицауӕн табуйаг бон у. Маст ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый у уӕ фидар мӕсыг».

  • Нееми 8:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон се ’ппӕт дӕр халагъудтӕ скодтой ӕмӕ халагъудты цардысты. Ӕмӕ Израилы фырттӕ тынг цин кодтой+, уымӕн ӕмӕ Навины+ фырт Йесойы замантӕй уӕды онг ахӕм бӕрӕгбон никуы скодтой.

  • Екклесиаст 5:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Царды уымӕй хуыздӕр, уымӕй рӕсугъддӕр ницы федтон, адӕймаг куы хӕра ӕмӕ куы нуаза ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцау кӕй радта, уыцы царды бонты хуры бын цы уӕззау фыдӕбон кӕны, уымӕй хорзӕй исты куы уына+. Уый йын у лӕвар.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын