Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 11:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕз ӕрцӕудзынӕн+ ӕмӕ уым демӕ ныхас кӕндзынӕн+. Ӕмӕ ды цы тыхӕй хайджын дӕ, уымӕй райсдзынӕн+ ӕмӕ дзы уыдоны схайджын кӕндзынӕн. Ӕмӕ дын уыдон ӕххуыс кӕндзысты ацы уаргъ, ацы адӕмы, хӕссынӕн, цӕмӕй йӕ иунӕгӕй ма хӕссай+.

  • Тӕрхонгӕнджыты 6:34
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 34 Уӕд Гедеоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ Авиезеры+ байзӕддӕгтӕм фӕсидт, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацӕуой.

  • Тӕрхонгӕнджыты 11:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Уӕд Йеффайыл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ Галаад ӕмӕ Манассийы зӕххытыл ахызт, стӕй Галаады+ Массифӕйыл, ӕмӕ уырдыгӕй Аммоны фырттӕм ацыд.

  • Тӕрхонгӕнджыты 14:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уӕд Самсоныл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ домбайы сӕныккау акъабӕзтӕ кодта, афтӕмӕй та йӕ къухы ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ цы бакодта, уый нӕдӕр йӕ фыдӕн загъта, нӕдӕр йӕ мадӕн.

  • Тӕрхонгӕнджыты 15:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Самсон ӕрцыд Лехийы онг, ӕмӕ йӕ филистимӕгтӕ куы федтой, уӕд фырцинӕй хъӕр кӕнын райдыдтой+. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг Самсоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ, йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон, гӕнӕй конд ӕндах артӕй куыд асудза+, афтӕ аисты ӕмӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудтой.

  • 1 Самуилы 11:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ тынг смӕсты+.

  • 1 Самуилы 16:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Ӕмӕ уӕд Самуил сойы+ сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй*+. Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Рамӕмӕ+ ацыд.

  • 2 Азфыстыты 15:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Одеды+ фырт Азарийыл ӕрцыд Хуыцауы тых*+.

  • Исай 63:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Ӕмӕ уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты раджы замантӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисей ӕмӕ дзырдтой: «Денджызӕй+ сӕ йӕ дзуджы+ фыййӕуттимӕ чи ракодта, уый кӕм ис? Кӕм ис, йӕ сыгъдӕг тыхӕй* йӕ чи схайджын кодта, уый?+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын