Псалом 104:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Дӕттыс сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна+,Ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй дзы цӕсгом ӕрттива+,Ӕмӕ дзул, цӕмӕй дзы адӕймаг йӕ зӕрдӕ фидар кӕна+. Ӕмбисӕндтӕ 31:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Карз нозт раттут, сӕфты къахыл чи лӕууы, уымӕн+, ӕмӕ сӕн, йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕмӕн у, уыдонӕн+. Екклесиаст 2:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Ӕз арф хъуыды кодтон, ӕдылыдзинад цы у, ууыл, мӕхи сӕнӕй хъӕлдзӕг кӕнгӕйӕ+, фӕлӕ уӕддӕр архайдтон зондӕй+. Хъуыды та йыл уый тыххӕй кодтон, цӕмӕй бамбӕрстаин, адӕймаджы фырттӕ арвы бын цӕрӕнбонты цытӕ аразынц, уым хорзӕй цы ис+. Екклесиаст 10:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Дзул хъӕлдзӕг кӕны кусӕг лӕджы зӕрдӕ, сӕн дӕтты циндзинад+. Ӕмӕ алцыдӕр ис ӕхцайӕ самал кӕнӕн+.
15 Дӕттыс сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна+,Ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй дзы цӕсгом ӕрттива+,Ӕмӕ дзул, цӕмӕй дзы адӕймаг йӕ зӕрдӕ фидар кӕна+.
6 Карз нозт раттут, сӕфты къахыл чи лӕууы, уымӕн+, ӕмӕ сӕн, йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕмӕн у, уыдонӕн+.
3 Ӕз арф хъуыды кодтон, ӕдылыдзинад цы у, ууыл, мӕхи сӕнӕй хъӕлдзӕг кӕнгӕйӕ+, фӕлӕ уӕддӕр архайдтон зондӕй+. Хъуыды та йыл уый тыххӕй кодтон, цӕмӕй бамбӕрстаин, адӕймаджы фырттӕ арвы бын цӕрӕнбонты цытӕ аразынц, уым хорзӕй цы ис+.