-
1 Самуилы 24:9Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
9 Давид ын загъта: «Цӕмӕн хъусыс адӕмы ныхӕстӕм+, Давид дын ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ хъавы, зӕгъгӕ?
-
-
1 Самуилы 24:11Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
11 Кӕс-ма, мӕ фыдыхай+, мӕ къухы цы ис – де ’нӕдыс халаты кӕрон. Куы йӕ лыг кодтон, уӕд дӕ мӕ бон уыди амарын дӕр, фӕлӕ дӕ нӕ амардтон. Ныр ӕй уыныс ӕмӕ зоныс, фыдӕх дӕм кӕй нӕ хӕссын+ ӕмӕ дын ӕвзӕрӕй кӕй ницы ракодтон. Дӕ разы ницы тӕригъӕд сарӕзтон, ды та мӕ фӕдыл зилыс, цӕмӕй мын мӕ цард байсай+.
-
-
Псалом 7:3Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
3 О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, кӕд ӕвзӕрӕй исты ракодтон+,
Кӕд мӕ къухтӕй хӕрам хъуыддаг сарӕзтон+,
-
Иоанны 10:32Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
32 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд мын кӕй бахӕс кодта, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын бирӕ равдыстон. Ӕмӕ мӕ дзы кӕцыйы тыххӕй марут дуртӕй?»
-
-
Иоанны 18:23Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
23 Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд исты раст нӕ загътон, уӕд мын ӕй зӕгъ. Фӕлӕ кӕд раст загътон, уӕд мӕ цӕмӕн цӕвыс?»
-
-
-