Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 18:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  6 Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ,

      Ӕххуыс куырдтон мӕ Хуыцауӕй+.

      Уый мын йӕ кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс+,

      Фехъуыст ӕм мӕ дзыназын+.

  • Псалом 27:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Йегъовӕ у мӕ рухс+ ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад+.

      Кӕмӕй хъуамӕ тӕрсон?+

      Йегъовӕ у мӕ царды фидар мӕсыг+.

      Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?+

  • Псалом 31:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 О Йегъовӕ, ӕз де уазӕг бакодтон мӕхи+.

      Ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уон+.

      Фервӕзын мӕ кӕн дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+.

  • Псалом 31:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  9 Батӕригъӕд мын кӕн, о Йегъовӕ, мӕ бон нал у+.

      Мастӕй бакуырм дӕн+, мӕ уд удыл нал хӕцы, мӕ мидӕг хъару нал ис+.

  • Псалом 34:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн+,

      Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны+.

  • Псалом 43:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр цӕмӕн сдӕ, мӕ уд+,

      Цӕуыл катай кӕныс мӕ мидӕг?

      Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс+.

      Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы+.

  • Псалом 56:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Хуыцауимӕ иудзинады ӕз бӕрзонд кӕндзынӕн йӕ ныхас+.

      Ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл, ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн+.

      Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?+

  • Псалом 143:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагон замантӕ+.

      Хъуыды кӕнын де ’ппӕт хъуыддӕгтыл+,

      Мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, дӕ къухтӕ цы сарӕзтой, ууыл+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 18:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг+. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы+.

  • Аввакум 3:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Уӕддӕр Йегъовӕ уыдзӕн ме стыр цин+, ӕз цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл+.

  • Лукайы 22:43
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 43 Уӕд ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ йӕ бафидар кодта+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын