Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 23:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам ӕмбаргӕ адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны ӕмӕ раст адӕймагӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны+.

  • Дыккаг закъон 16:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+. Макӕй хъулон кӕн+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам зондджын адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны+ ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕгӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны.

  • Псалом 15:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Ӕфстау проценттыл нӕ дӕтты+

      Ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы фӕаххосджын кӕныны тыххӕй гӕртам нӕ исы+.

      Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн+.

  • Псалом 26:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Йӕ къухтӕ фыдхъуыддӕгтӕй* змӕст кӕмӕн сты+

      Ӕмӕ йӕ рахиз къух гӕртӕмттӕй йедзаг кӕмӕн у, уыдонимӕ+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 29:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Паддзах рӕстдзинады фӕрцы сфидар кӕны бӕстӕ+, гӕртӕмттӕ чи уарзы, уый та йӕ фехалы+.

  • Исай 1:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Дӕ кънйӕзтӕ сты хивӕнд, давджыты лымӕнтӕ+. Иууылдӕр уарзынц гӕртӕмттӕ+, сты лӕвӕрттыл мард+. Сидзӕры хъуыддаг рӕстӕй нӕ равзарынц, ӕмӕ сӕм идӕдзы хъаст уӕвгӕ дӕр нӕ бахӕццӕ вӕййы+.

  • Исай 33:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Алкӕддӕр рӕстӕй чи цӕры+ ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый чи дзуры+, хинӕй йӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ чи не скӕны+, йӕ къухтӕ гӕртӕмттӕ кӕмӕн нӕ исынц+, йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны, цӕмӕй, искӕй туг ныккалынвӕнд куыд кӕнынц, уымӕ ма хъуса, ӕмӕ йӕ цӕстытӕ чи бацъынд кӕны, цӕмӕй ӕвзӕрдзинад ма уына+,

  • Михей 3:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Йӕ хистӕртӕ гӕртӕмттӕ исынц+ ӕмӕ афтӕмӕй тӕрхон кӕнынц, йӕ сауджынтӕ зонд амонынц аргъыл+, йӕ пехуымпартӕ дӕсны фӕрсынц ӕхцайыл+. Уыимӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ныфсджын сты ӕмӕ дзурынц: „Исты Йегъовӕ немӕ нӕй?+ Нӕ ныл ӕрцӕудзӕн бӕллӕх“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын