Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Самуилы 11:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Гъемӕ адӕм иууылдӕр Галгалмӕ ацыдысты ӕмӕ уым Йегъовӕйы раз Саулы паддзахӕй сӕвӕрдтой. Стӕй Йегъовӕйӕн фарны нывӕндтӕ ӕрхастой+, ӕмӕ Саул ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр тынг цин кодтой+.

  • 1 Самуилы 13:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Ӕнӕзонд ми бакодтай+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын цы бафӕдзӕхста+, уый нӕ сӕххӕст кодтай+. Куы йӕ сӕххӕст кодтаис, уӕд дын Йегъовӕ Израилы дӕ паддзахы бартӕ ӕнустӕм ӕрфидар кодтаид.

  • 1 Самуилы 15:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Фӕлӕ йын Самуил загъта: «Ӕз демӕ нӕ ацӕудзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды Йегъовӕйы ныхасыл дӕ къух систай, ӕмӕ дыл ныр Йегъовӕ дӕр йӕ къух систа, цӕмӕй Израилӕн паддзах мауал уай»+.

  • 1 Самуилы 16:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Ӕмӕ-иу Хуыцау куы бауагъта, цӕмӕй Саулӕн ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой ма лӕвӕрдтаиккой, уӕд-иу Давид дыууадӕстӕнон фӕндыр райста ӕмӕ-иу ын цагъта. Ӕмӕ-иу Саулӕн фенцондӕр, йӕ зӕрдӕ-иу бахъӕлдзӕг, ӕмӕ-иу ӕй ӕвзӕр хъуыдытӕ нал тыхсын кодтой+.

  • 1 Самуилы 28:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уӕд Саул йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны+, ахӕм сылгоймаджы мын ссарут. Фӕцӕуон ӕм ӕмӕ уый бафӕрсон». Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын загътой: «Аендоры+ ис, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм сылгоймаг».

  • 1 Самуилы 31:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Саул йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн загъта: «Дӕ хъама+ слас ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ уыцы ӕнӕсунӕтгӕндтӕ+ ма амарой ӕмӕ мӕ ма фӕхынджылӕг кӕной». Фӕлӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг не сразы+, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарст. Ӕмӕ уӕд Саул йӕхӕдӕг райста хъама ӕмӕ йыл ӕрхауд+.

  • 2 Самуилы 1:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Саул ӕмӕ Ионафан+, сӕ цӕргӕйӕ – адӕмӕн уарзон ӕмӕ адджын.

      Сӕ мӕлӕт дӕр иумӕ ӕрцыд+.

      Уыдысты цӕргӕстӕй цӕрдӕгдӕр+,

      Домбӕйттӕй – тыхджындӕр+.

  • Хъуыддӕгтӕ 13:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕхицӕн ӕрдомдтой паддзах+, ӕмӕ сын Хуыцау радта Кисы фырт Саулы, Вениамины мыггагӕй+, ӕмӕ сын уый паддзах уыди цыппор азы.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын