Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Тӕрхонгӕнджыты 6:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Гедеон ын дзуапп радта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ. Фӕлӕ куыд хъуамӕ фервӕзын кӕнон ӕз Израил?+ Акӕс-ма, Манассийы мыггаджы ’хсӕн мӕ хӕдзарвӕндаг* зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ фыды хӕдзары куы ничи дӕн»+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 3:34
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 34 Иннӕтыл чи худы+, уыдоныл уый дӕр худдзӕн+, сабыр* адӕймӕгтӕ та хайджын уыдзысты йӕ хорзӕхӕй+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 11:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Дӕхиуыл фервӕссыдтӕ? Уӕд фегад уыдзынӕ+. Зонд та ис бонзонгӕтӕм+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 18:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Адӕймаджы зӕрдӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт+, сӕрныллӕгдзинад та цӕуы кады разӕй+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 22:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый ссардзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард+.

  • Лукайы 14:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн»+.

  • Иаковы 4:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Фӕлӕ нын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый уымӕй стырдӕр у+. Фыстад афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн+ сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй»+.

  • 1 Петры 5:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕрты коммӕ кӕсут+. Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын