9 Фӕлӕ Саул ӕмӕ адӕм Агагӕн фӕтӕригъӕд кодтой. Стӕй ма лыстӕг фос ӕмӕ стурвосы+ хуыздӕртӕ, хӕрзхаст фос, фырытӕ ӕмӕ, амаликӕгтӕм хорзӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон фесафын дӕр сӕ цӕст нӕ бауарзта+. Цӕуыл нӕ барвӕссыдысты ӕмӕ сӕ цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ та сӕфты хай бакодтой.