1 Самуилы 2:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Фӕкӕсӕг кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймаджы зӕххӕй сисы+,Мӕгуыры сисы фӕныкӕй+,Кадджынтимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, бынӕн+ сын ратты кады паддзахбадӕн+.Йегъовӕйы къухы сты, зӕхх кӕуыл ӕнцайы, уыцы быцӕутӕ+,Уыдоныл ӕй сӕвӕрдта. 1 Азфыстыты 16:30 Библи – Ног дунейы тӕлмац 30 Тӕрсут дзы*, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр!Зӕхх фидар ӕвӕрд ӕрцыд,Никуы фенкъуысдзӕн+. Псалом 9:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Уый зӕххӕн кӕндзӕн раст тӕрхон+,Адӕмты хъуыддӕгтӕ рӕстӕй ӕвзардзӕн+. Псалом 33:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Ӕгас зӕхх дӕр тӕрсӕд Йегъовӕйӕ+.Зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр ризӕнт йӕ разы+. Псалом 77:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Дӕ арвнӕрд уыд бӕхуӕрдоны цӕлхыты гыбар-гыбуры хуызӕн+.Арвӕрттывдӕй бӕстӕ ныррухс+.Зӕхх базмӕлыд ӕмӕ нынкъуысыд+.
8 Фӕкӕсӕг кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймаджы зӕххӕй сисы+,Мӕгуыры сисы фӕныкӕй+,Кадджынтимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, бынӕн+ сын ратты кады паддзахбадӕн+.Йегъовӕйы къухы сты, зӕхх кӕуыл ӕнцайы, уыцы быцӕутӕ+,Уыдоныл ӕй сӕвӕрдта.
18 Дӕ арвнӕрд уыд бӕхуӕрдоны цӕлхыты гыбар-гыбуры хуызӕн+.Арвӕрттывдӕй бӕстӕ ныррухс+.Зӕхх базмӕлыд ӕмӕ нынкъуысыд+.