Рацыд 18:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 Фӕлӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕнӕй равзар фӕлтӕрд лӕгты+, Хуыцауӕй чи тӕрсы+, ӕууӕнкджын чи у+ ӕмӕ хи пайда чи нӕ агуры+, ахӕмты. Ӕмӕ сӕ сӕвӕр адӕмы сӕргъы: кӕй мин адӕймаджы сӕргъы+, кӕй сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дӕс адӕймаджы сӕргъы+. 2 Азфыстыты 19:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут+. Алы хъуыддагыл дӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнут+, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад нӕй+, уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы»+. Нееми 5:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Мӕ размӕ цы хицӕуттӕ уыд, уыдон та адӕмыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдтой, алы бон дӕр сӕ дзулӕн ӕмӕ сӕнӕн истой цыппор сиклы* ӕвзист. Стӕй ма-иу сӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр адӕмӕн сӕхи схицау кодтой+. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тарстӕн+. Исай 11:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад+. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф+.
21 Фӕлӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕнӕй равзар фӕлтӕрд лӕгты+, Хуыцауӕй чи тӕрсы+, ӕууӕнкджын чи у+ ӕмӕ хи пайда чи нӕ агуры+, ахӕмты. Ӕмӕ сӕ сӕвӕр адӕмы сӕргъы: кӕй мин адӕймаджы сӕргъы+, кӕй сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дӕс адӕймаджы сӕргъы+.
7 Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут+. Алы хъуыддагыл дӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнут+, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад нӕй+, уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы»+.
15 Мӕ размӕ цы хицӕуттӕ уыд, уыдон та адӕмыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдтой, алы бон дӕр сӕ дзулӕн ӕмӕ сӕнӕн истой цыппор сиклы* ӕвзист. Стӕй ма-иу сӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр адӕмӕн сӕхи схицау кодтой+. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тарстӕн+.
3 Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад+. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф+.