Дыккаг закъон 32:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау+,Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст+.Уый у ӕнувыд Хуыцау+, хӕрамӕй йӕм ницы ис+.Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+. Иов 34:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Афтӕ у, Хуыцау фыдхъуыддӕгтӕ нӕ аразы+,Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау рӕстдзинад нӕ зыгъуыммӕ кӕны+. Йеремийы хъарӕг 3:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Мах нӕ фесӕфтыстӕм+ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы+, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+.
4 Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау+,Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст+.Уый у ӕнувыд Хуыцау+, хӕрамӕй йӕм ницы ис+.Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+.