Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 49:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг+, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило* не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ+.

  • 1 Паддзӕхты 8:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхас+ сӕххӕст кодта. Уый загъта, мӕ фыд Давиды бынат ӕз кӕй бацахсдзынӕн ӕмӕ Израилы паддзахбадӕныл кӕй ӕрбаддзынӕн+, Йегъовӕ зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номыл хӕдзар кӕй сараздзынӕн+

  • Псалом 132:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Йегъовӕ Давидӕн расомы кодта+,

      Ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн+:

      «Ӕз дӕ паддзахбадӕныл

      Ӕрбадын кӕндзынӕн+ дӕ байзӕддаджы+.

  • Исай 9:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл+, ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн+ ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзысты ӕгӕрон фарнӕй* хайджын+. Йӕ паддзахад уыдзӕн фидар ӕвӕрд+ ӕмӕ лӕудзӕн раст тӕрхон+ ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы+, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр. Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.

  • Исай 11:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Йессейы+ бындзӕфхадӕй рацӕудзӕн къалиу+, йӕ уидӕгтӕй ссӕудзӕн тау+ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн бирӕ дыргъ+.

  • Матфейы 21:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Йӕ разӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон та хъӕр кодтой: «О Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын кӕн+ Давиды Фырты!+ Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!+ О бӕрзондылбадӕг Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын ӕй кӕн!»+

  • Матфейы 22:42
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 42 «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй фырт у?» Уыдон ын загътой: «Давиды»+.

  • Лукайы 1:32
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 32 Уый уыдзӕн номдзыд+ адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт+. Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды+ паддзахбадӕн+.

  • Иоанны 7:42
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 42 Фыстад афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ Чырысти Давиды+ байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм цард, уыцы хъӕуӕй+, Вифлеемӕй+, ӕрцӕудзӕн?»

  • Хъуыддӕгтӕ 2:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 Давид уыди пехуымпар, стӕй йӕ зыдта, Хуыцау ын кӕй расомы кодта ӕмӕ йын зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, дӕ паддзахбадӕныл дӕ байзӕддӕгтӕй иуы ӕрбадын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын