Йесо Навин 6:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй дзы ӕрхуыйӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та сты табуйаг ӕмӕ сты Йегъовӕйы+. Уыдон бахӕссын хъӕуы Йегъовӕйы хӕзнадонмӕ»+. 1 Паддзӕхты 7:51 Библи – Ног дунейы тӕлмац 51 Ӕппынфӕстаг паддзах Соломон арӕзт фӕци, Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕй саразын цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ, йӕ фыд Давид цыдӕриддӕр снывонд кодта, уыдон+ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон дзауматӕ – ӕрбахаста ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта+. 1 Азфыстыты 18:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Ӕмӕ уыдон дӕр паддзах Давид снывонд кодта+ Йегъовӕйӕн, ӕппӕт адӕмтӕй+, ома Едомӕй, Моавӕй+, Аммоны+ фырттӕй, филистимӕгтӕй+ ӕмӕ амаликӕгтӕй+ цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин рахаста, уый йын куыд снывонд кодта, афтӕ. 1 Азфыстыты 22:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Ӕз тыхст уавӕрты уыдтӕн+, афтӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сӕдӕ мин таланты сызгъӕрин*+, милуан таланты ӕвзист*, ӕрхуы+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг+ та афтӕ бирӕ, ӕмӕ сын сбарӕн дӕр нӕй. Ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ дӕр, фӕлӕ ма-иу сӕм ды ноджыдӕр бафтау. 1 Азфыстыты 26:27 Библи – Ног дунейы тӕлмац 27 Хӕстыты-иу+ знагӕй цы байстой+, уымӕн-иу йӕ иу хай снывонд кодтой Йегъовӕйы хӕдзармӕ зилынӕн.
19 Ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй дзы ӕрхуыйӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та сты табуйаг ӕмӕ сты Йегъовӕйы+. Уыдон бахӕссын хъӕуы Йегъовӕйы хӕзнадонмӕ»+.
51 Ӕппынфӕстаг паддзах Соломон арӕзт фӕци, Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕй саразын цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ, йӕ фыд Давид цыдӕриддӕр снывонд кодта, уыдон+ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон дзауматӕ – ӕрбахаста ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта+.
11 Ӕмӕ уыдон дӕр паддзах Давид снывонд кодта+ Йегъовӕйӕн, ӕппӕт адӕмтӕй+, ома Едомӕй, Моавӕй+, Аммоны+ фырттӕй, филистимӕгтӕй+ ӕмӕ амаликӕгтӕй+ цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин рахаста, уый йын куыд снывонд кодта, афтӕ.
14 Ӕз тыхст уавӕрты уыдтӕн+, афтӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сӕдӕ мин таланты сызгъӕрин*+, милуан таланты ӕвзист*, ӕрхуы+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг+ та афтӕ бирӕ, ӕмӕ сын сбарӕн дӕр нӕй. Ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ дӕр, фӕлӕ ма-иу сӕм ды ноджыдӕр бафтау.