Райдиан 25:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ гуыбыны ис дыууӕ адӕмы+, ӕмӕ дӕ хуылфӕй рацӕудзӕн дыууӕ хицӕн адӕмыхатты+. Иу адӕмыхатт дзы уыдзӕн иннӕйӕ тыхджындӕр+, ӕмӕ хистӕр лӕггад кӕндзӕн кӕстӕрӕн»+. Райдиан 27:29 Библи – Ног дунейы тӕлмац 29 Адӕмтӕ дын лӕггад кӕнӕнт, ӕмӕ дын адӕмыхӕттытӕ бакувӕнт+. Де ’фсымӕртӕн у хицау ӕмӕ дын дӕ мадызӕнӕг бакувӕнт+. Чи дӕ ралгъита, уыдон ӕлгъыст фӕуыдзысты, чи дын арфӕ кӕна, уыдон та уыдзысты арфӕгонд»+. Райдиан 27:37 Библи – Ног дунейы тӕлмац 37 Фӕлӕ йын Исахъ дзуапп радта: «Дӕуӕн ӕй хицауӕй сӕвӕрдтон+ ӕмӕ йын загътон, йе ’фсымӕртӕ йын се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнджытӕ кӕй уыдзысты+. Хор ӕмӕ ног сӕны бӕркад дӕр уымӕн радтон+. Ӕмӕ ма дӕуӕн та цы акӕнон, мӕ хъӕбул?» Нымӕцтӕ 24:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Израил йӕ хъӕбатырдзинад куы равдиса,Уӕд Едом кӕйдӕр бауыдзӕн+,О, Сеир+ бауыдзӕн йе знӕгты+.
23 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ гуыбыны ис дыууӕ адӕмы+, ӕмӕ дӕ хуылфӕй рацӕудзӕн дыууӕ хицӕн адӕмыхатты+. Иу адӕмыхатт дзы уыдзӕн иннӕйӕ тыхджындӕр+, ӕмӕ хистӕр лӕггад кӕндзӕн кӕстӕрӕн»+.
29 Адӕмтӕ дын лӕггад кӕнӕнт, ӕмӕ дын адӕмыхӕттытӕ бакувӕнт+. Де ’фсымӕртӕн у хицау ӕмӕ дын дӕ мадызӕнӕг бакувӕнт+. Чи дӕ ралгъита, уыдон ӕлгъыст фӕуыдзысты, чи дын арфӕ кӕна, уыдон та уыдзысты арфӕгонд»+.
37 Фӕлӕ йын Исахъ дзуапп радта: «Дӕуӕн ӕй хицауӕй сӕвӕрдтон+ ӕмӕ йын загътон, йе ’фсымӕртӕ йын се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнджытӕ кӕй уыдзысты+. Хор ӕмӕ ног сӕны бӕркад дӕр уымӕн радтон+. Ӕмӕ ма дӕуӕн та цы акӕнон, мӕ хъӕбул?»