1 Паддзӕхты 7:51 Библи – Ног дунейы тӕлмац 51 Ӕппынфӕстаг паддзах Соломон арӕзт фӕци, Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕй саразын цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ, йӕ фыд Давид цыдӕриддӕр снывонд кодта, уыдон+ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон дзауматӕ – ӕрбахаста ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта+. 1 Паддзӕхты 15:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Уӕд Асӕ рахаста, Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны ӕмӕ ма паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин баззад, уый, йӕ лӕггадгӕнджытӕм сӕ радта ӕмӕ сӕ арвыста Сирийы паддзах+ Венададӕн+. Венадад уыд Хезионӕн йӕ фырт Тавримоны фырт ӕмӕ цард Дамаскы+. Арвыста сӕ ахӕм ныхасимӕ: 2 Паддзӕхты 18:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Ӕмӕ йын Езеки радта, Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цыдӕриддӕр ӕвзист уыд, уый+. 2 Паддзӕхты 24:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Стӕй, Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары цыдӕриддӕр хӕзнатӕ+ уыд, уыдон ахаста ӕмӕ, Израилы паддзах Соломон Йегъовӕйы кувӕндоны цы сызгъӕрин мигӕнӕнтӕ+ скодта, уыдон иууылдӕр ныцъцъӕл кодта, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
51 Ӕппынфӕстаг паддзах Соломон арӕзт фӕци, Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕй саразын цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ, йӕ фыд Давид цыдӕриддӕр снывонд кодта, уыдон+ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон дзауматӕ – ӕрбахаста ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта+.
18 Уӕд Асӕ рахаста, Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны ӕмӕ ма паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин баззад, уый, йӕ лӕггадгӕнджытӕм сӕ радта ӕмӕ сӕ арвыста Сирийы паддзах+ Венададӕн+. Венадад уыд Хезионӕн йӕ фырт Тавримоны фырт ӕмӕ цард Дамаскы+. Арвыста сӕ ахӕм ныхасимӕ:
15 Ӕмӕ йын Езеки радта, Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цыдӕриддӕр ӕвзист уыд, уый+.
13 Стӕй, Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары цыдӕриддӕр хӕзнатӕ+ уыд, уыдон ахаста ӕмӕ, Израилы паддзах Соломон Йегъовӕйы кувӕндоны цы сызгъӕрин мигӕнӕнтӕ+ скодта, уыдон иууылдӕр ныцъцъӕл кодта, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.