24 Уым уыдысты Садок+ ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ чи хаста+, уыцы левиттӕ+ се ’ппӕт дӕр. Уыдон ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Авиафары+ фарсмӕ ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ, цалынмӕ адӕм иууылдӕр горӕтӕй нӕ рацыдысты ӕмӕ дӕлвӕзыл нӕ ахызтысты, уӕдмӕ афтӕ лӕууыдысты.