-
2 Азфыстыты 20:9Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
9 „Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуа+, хъамайы азар кӕнӕ нӕ карз тӕрхон куы баййафа, фыдниз+ ныл куы сыста кӕнӕ ӕххормаг заман+ куы скӕна, уӕд ацы хӕдзары раз ӕмӕ дӕ разы ӕрлӕудзыстӕм+,– уымӕн ӕмӕ ацы хӕдзары дӕ ном+ ис,– ӕмӕ дӕм зын сахат ӕххуысмӕ сдзыназдзыстӕм, ӕмӕ-иу нӕ ды фехъус ӕмӕ-иу нӕ фервӕзын кӕн“+.
-
-
Нееми 1:6Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
6 Курын дӕ, дӕ хъус ӕрдар+ ӕмӕ ӕркӕс – фехъуысӕд дӕм, абон дӕм дӕ цагъар цӕй тыххӕй кувы+, уый. Ӕхсӕвӕй-бонӕй+ дӕм кувын Израилы фыртты тыххӕй, дӕ цагъарты тыххӕй, ӕмӕ дын ӕргом дзурын+, мах, Израилы фырттӕ, дӕ разы цы тӕригъӕдтӕ+ ракодтам, уыдоны тыххӕй. Мах тӕригъӕд ракодтам, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр+.
-