Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 32:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Мастисӕг ӕз дӕн, цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн+.

      Афон куы ’рцӕуа, уӕд сӕ къах фӕцуддзӕн+,

      Уымӕн ӕмӕ се сӕфты бон ӕрхӕстӕг+,

      Цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тагъд-тагъд ӕрбацӕуы“+.

  • 2 Паддзӕхты 7:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Уӕд паддзахы лӕггадгӕнӕг, паддзах-иу кӕй къухыл ӕнцой кодта+, уый, ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн загъта: «Йегъовӕ арвы дуӕрттӕ куы бакӕнид+, уӕд дӕр цымӕ уымӕн гӕнӕн ис?»+ Уый та йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй йӕ фендзынӕ+, фӕлӕ дзы хӕргӕ нӕ бакӕндзынӕ»+.

  • 2 Азфыстыты 36:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Фӕлӕ уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой+ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой+, йӕ пехуымпартыл ын худтысты+ ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст+ йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди+.

  • Исай 5:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Арты ӕвзӕгтӕ хъӕмп куыд аныхъуырынц+, арт хус кӕрдӕг куыд асудзы, афтӕ сӕ бындзӕфхад бамбийдзӕн ӕмӕ тӕф кӕндзӕн+, сӕ дидинӕг бахус уыдзӕн ӕмӕ рыгау атӕхдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы закъоныл сӕ къух систой+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ ӕрдардтой+.

  • Исай 28:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Мауал худут+, цӕмӕй уӕ уӕ рӕхыстӕ тынгдӕр ма ’рбалхъивой, уымӕн ӕмӕ ӕз Дунедарӕг+ Хуыцауӕй, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ фехъуыстон, ӕгас бӕстӕйӕн дӕр тӕрхон хаст кӕй ӕрцыд ӕмӕ сӕфты хай кӕй бауыдзӕн+.

  • Наум 1:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Йегъовӕ Хуыцау домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион+ ӕмӕ у мастисӕг Хуыцау. Йегъовӕ йӕ маст исы+ ӕмӕ цӕттӕ у йӕ фыдӕх ныккалынмӕ+. Йегъовӕ йӕ маст исы йӕ фыдгултӕй+ ӕмӕ йе знӕгтӕм мӕстӕй судзы+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын