2 Самуилы 13:28 Библи – Ног дунейы тӕлмац 28 Уӕд Авессалом йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Кӕсут, Амноны зӕрдӕ сӕнӕй куы бахъӕлдзӕг уа+ ӕмӕ уын афтӕ куы зӕгъон, Амноны амарут, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут+. Ӕз уын дӕттын ахӕм бардзырд. Фидар ӕмӕ хъӕбатыр ут». 2 Самуилы 14:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Саруйӕйы+ фырт Иоав+ базыдта, паддзахӕн Авессаломмӕ+ йӕ зӕрдӕ кӕй фӕфӕлмӕн. 2 Самуилы 15:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Авессалом Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕм дӕр сусӕгӕй адӕмы арвыста+ ӕмӕ сын фехъусын кодта: «Куыддӕр сыкъайы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом паддзах+ сси Хевроны!“»+ 2 Самуилы 18:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Уӕд Иоав загъта: «Дӕ разы лӕууынмӕ мӕ не ’вдӕлы!» Ӕмӕ ӕртӕ стыр фаты райста ӕмӕ сӕ Авессаломы зӕрдӕйы ныссагъта+. Авессалом та нырма удӕгас уыди+, бӕласыл куыд ӕрцауындзӕг, афтӕмӕй лӕууыд.
28 Уӕд Авессалом йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Кӕсут, Амноны зӕрдӕ сӕнӕй куы бахъӕлдзӕг уа+ ӕмӕ уын афтӕ куы зӕгъон, Амноны амарут, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут+. Ӕз уын дӕттын ахӕм бардзырд. Фидар ӕмӕ хъӕбатыр ут».
10 Авессалом Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕм дӕр сусӕгӕй адӕмы арвыста+ ӕмӕ сын фехъусын кодта: «Куыддӕр сыкъайы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом паддзах+ сси Хевроны!“»+
14 Уӕд Иоав загъта: «Дӕ разы лӕууынмӕ мӕ не ’вдӕлы!» Ӕмӕ ӕртӕ стыр фаты райста ӕмӕ сӕ Авессаломы зӕрдӕйы ныссагъта+. Авессалом та нырма удӕгас уыди+, бӕласыл куыд ӕрцауындзӕг, афтӕмӕй лӕууыд.