10 Гыццыл хъуыддӕгтӕ цы бон ӕрцыд арӕзт, уыцы бонмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй мачи кӕсӕд+. Адӕм кӕсдзысты, Зоровавелы къухы цы уырдыгбарӕн ис, уымӕ ӕмӕ цин кӕндзысты+. Авд цӕсты дӕр ӕм кӕсдзысты+. Уыцы авд цӕсты сты Йегъовӕйы цӕстытӕ, ӕмӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл»+.