Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 14:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 „Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр ӕмӕ фыдракӕнд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+, фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг“+.

  • Псалом 25:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  7 Ӕвзонгӕй цы тӕригъӕдтӕ ӕруагътон ӕмӕ цы фыдракӕндтӕ сарӕзтон, уыдон мауал ӕрхъуыды кӕн+.

      Ӕрхъуыды мӕ кӕн де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+,

      Дӕ хорздзинады номыл, о Йегъовӕ+.

  • Псалом 32:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Фыдгӕнӕгӕн ис бирӕ мӕстытӕ+,

      Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уый та рӕвдыд у ӕнувыд уарзтӕй+.

  • Псалом 41:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Ӕз та загътон: «О Йегъовӕ, батӕригъӕд мын кӕн+.

      Мӕ уд мын сдзӕбӕх кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ разы тӕригъӕд сарӕзтон»+.

  • Псалом 90:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Райсомӕй нӕ бафсад де ’нувыд уарзтӕй+,

      Цӕмӕй фырцинӕй зарӕм ӕмӕ цин кӕнӕм цӕрӕнбонты+.

  • Псалом 103:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Уымӕн ӕмӕ арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у+,

      Афтӕ стыр у йе ’нувыд уарзт, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын