Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Азфыстыты 28:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕмӕ ды дӕр, мӕ фырт Соломон, зон+ дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн+ зӕрдӕрайгӕйӕ+, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр+ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны+. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ*+. Куы йӕ ныууадзай+, уӕд та дӕ йӕхицӕй ӕнустӕм аппардзӕн+.

  • 2 Азфыстыты 15:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ Асӕйы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Байхъусут мӕм, Асӕ ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Вениамины адӕм уе ’ппӕт дӕр! Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ+. Куы йӕ агурат+, уӕд ӕй ссардзыстут*, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн+.

  • 2 Азфыстыты 19:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Фӕлӕ дӕм Хуыцау хорздзинад+ дӕр федта, уымӕн ӕмӕ ды ацы зӕххӕй фесӕфтай кувӕн цӕджындзтӕ+ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ сарӕзтай ӕцӕг Хуыцауы агурынмӕ»+.

  • Иов 28:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Ӕмӕ адӕймагӕн загъта:

      „Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонд+,

      Ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хизай – уый у ӕмбарындзинад“»+.

  • Исай 55:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Агурут Йегъовӕйы, цалынмӕ йӕ ссарӕн ис, уӕдмӕ+. Цалынмӕ хӕстӕг у, уӕдмӕ йӕм кувут+.

  • 1 Петры 3:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы цӕстытӕ+ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм+. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ* сӕ ныхмӕ у»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын