Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 1:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Уый фӕстӕ сын Хуыцау загъта: «Ӕз уын радтон, зӕххы цъарыл зайӕгойтӕй мыггаг чи кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕмӕ, йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, уыцы бӕлӕстӕ иууылдӕр+. Уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн+.

  • Райдиан 9:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн+. Зайӕгойтӕ уын куыд радтон, афтӕ уын уыдон дӕр иууылдӕр дӕттын хӕрынӕн+.

  • Матфейы 6:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ удтыл* мауал мӕт кӕнут+, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат+. Ау, уд хӕринагӕй ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй зынаргъдӕр нӕу?+

  • Матфейы 6:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 Ӕмӕ кӕд Хуыцау, абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?+

  • Лукайы 12:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Ӕмӕ кӕд Хуыцау, абон чи ис ӕмӕ райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд хъуамӕ ныууадза! Кӕм ис уӕ уырнындзинад?+

  • Иоанны 3:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы+, ӕмӕ радта йӕ иунӕг* Фырты+, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды+, уый ма фесӕфа+, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа+.

  • Хъуыддӕгтӕ 14:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй+ уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ+ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын