Дыккаг закъон 31:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ды тагъд баиу уыдзынӕ дӕ фыдӕлтӕм+. Ацы адӕм та бавдӕлдзысты+ ӕмӕ хӕтын райдайдзысты ӕцӕгӕлон хуыцӕуттимӕ, кӕдӕм цӕуынц, уыцы бӕстӕйы хуыцӕуттимӕ+, ӕмӕ уыцы хуыцӕуттӕ уыдзысты се ’хсӕн. Уыдон мӕ ныууадздзысты+ ӕмӕ фехалдзысты мӕ бадзырд, семӕ кӕй скодтон, уыцы бадзырд+. Дыккаг закъон 32:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Йешурун*+ куы снард, уӕд схивӕнд+,–О, ды снард дӕ, фӕйнӕрдӕм фӕцыдтӕ, фырӕфсӕст бадӕ+,–Ӕмӕ ныууагъта йе скӕнӕг Хуыцауы+,Йӕ къух систа йӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхыл+. Тӕрхонгӕнджыты 2:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Израилы фырттӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтыл бафтыдысты+ ӕмӕ Ваалтӕн кувын райдыдтой+. 2 Самуилы 20:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Уым уыд иу ӕнаккаг адӕймаг+, Бихрийы фырт Савӕ+, Вениамины байзӕддаг. Уый сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ загъта: «Махӕн Давидмӕ хай нӕй, нӕй нын бынтӕ Йессейы фыртмӕ+. Израилӕгтӕ, фӕстӕмӕ уӕ хуыцӕуттӕм!»+ Нееми 9:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+.
16 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ды тагъд баиу уыдзынӕ дӕ фыдӕлтӕм+. Ацы адӕм та бавдӕлдзысты+ ӕмӕ хӕтын райдайдзысты ӕцӕгӕлон хуыцӕуттимӕ, кӕдӕм цӕуынц, уыцы бӕстӕйы хуыцӕуттимӕ+, ӕмӕ уыцы хуыцӕуттӕ уыдзысты се ’хсӕн. Уыдон мӕ ныууадздзысты+ ӕмӕ фехалдзысты мӕ бадзырд, семӕ кӕй скодтон, уыцы бадзырд+.
15 Йешурун*+ куы снард, уӕд схивӕнд+,–О, ды снард дӕ, фӕйнӕрдӕм фӕцыдтӕ, фырӕфсӕст бадӕ+,–Ӕмӕ ныууагъта йе скӕнӕг Хуыцауы+,Йӕ къух систа йӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхыл+.
11 Израилы фырттӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтыл бафтыдысты+ ӕмӕ Ваалтӕн кувын райдыдтой+.
20 Уым уыд иу ӕнаккаг адӕймаг+, Бихрийы фырт Савӕ+, Вениамины байзӕддаг. Уый сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ загъта: «Махӕн Давидмӕ хай нӕй, нӕй нын бынтӕ Йессейы фыртмӕ+. Израилӕгтӕ, фӕстӕмӕ уӕ хуыцӕуттӕм!»+
26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+.