1 Самуилы 4:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Филистимӕгтӕ дӕр Израилы ныхмӕ гӕрзифтонгӕй рацыдысты+, ӕмӕ карз тох бацайдагъ. Ӕмӕ филистимӕгтӕ израилӕгты ныддӕрӕн кодтой+, тохы быдыры дзы цыппар мин адӕймаджы бӕрц ныццагътой. 1 Самуилы 4:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Гъемӕ филистимӕгтӕ схӕцыдысты Израилимӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой+, ӕмӕ израилӕгтӕй алчи йӕ цатырмӕ фӕлыгъди+. Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди+ – ӕртын мин фистӕг хӕстоны+. Йереми 7:34 Библи – Ног дунейы тӕлмац 34 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы горӕттӕй ӕмӕ Иерусалимы уынгтӕй нал хъуысдзӕн цины хъӕр ӕмӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба, усгуры хъӕлӕс ӕмӕ чындзы хъӕлӕс+, уымӕн ӕмӕ зӕхх сафтид уыдзӕн, ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестдзӕн“»+.
2 Филистимӕгтӕ дӕр Израилы ныхмӕ гӕрзифтонгӕй рацыдысты+, ӕмӕ карз тох бацайдагъ. Ӕмӕ филистимӕгтӕ израилӕгты ныддӕрӕн кодтой+, тохы быдыры дзы цыппар мин адӕймаджы бӕрц ныццагътой.
10 Гъемӕ филистимӕгтӕ схӕцыдысты Израилимӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой+, ӕмӕ израилӕгтӕй алчи йӕ цатырмӕ фӕлыгъди+. Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди+ – ӕртын мин фистӕг хӕстоны+.
34 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы горӕттӕй ӕмӕ Иерусалимы уынгтӕй нал хъуысдзӕн цины хъӕр ӕмӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба, усгуры хъӕлӕс ӕмӕ чындзы хъӕлӕс+, уымӕн ӕмӕ зӕхх сафтид уыдзӕн, ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестдзӕн“»+.