Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 32:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Мастисӕг ӕз дӕн, цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн+.

      Афон куы ’рцӕуа, уӕд сӕ къах фӕцуддзӕн+,

      Уымӕн ӕмӕ се сӕфты бон ӕрхӕстӕг+,

      Цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тагъд-тагъд ӕрбацӕуы“+.

  • Исай 35:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Йӕ зӕрдӕ сагъӕстӕй дзаг кӕмӕн у, уыдонӕн зӕгъут+: «Фидар ут+. Ма тӕрсут+. Уӕ Хуыцау ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй йӕ маст райса+, Хуыцау ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй, кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый бакӕна+. Уый ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзӕн»+.

  • Йереми 50:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Лидзынмӕ чи фӕци, Вавилоны зӕххӕй чи фӕлидзы, уыдоны хъӕр хъуысы+. Хъуамӕ Сионыл фехъусын кӕной, нӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ маст кӕй исы+, йӕ кувӕндоны тыххӕй кӕй исы йӕ маст, уый тыххӕй+.

  • Наум 1:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Йегъовӕ Хуыцау домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион+ ӕмӕ у мастисӕг Хуыцау. Йегъовӕ йӕ маст исы+ ӕмӕ цӕттӕ у йӕ фыдӕх ныккалынмӕ+. Йегъовӕ йӕ маст исы йӕ фыдгултӕй+ ӕмӕ йе знӕгтӕм мӕстӕй судзы+.

  • Ромӕгтӕм 12:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут+. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, цӕмӕй уый ныккала йӕ маст+, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ»+.

  • 1 Фессалоникӕгтӕм 4:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уыцы хъуыддаджы уӕ йе ’фсымӕрӕн ӕвзӕрдзинад мачи ракӕнӕд+ ӕмӕ йӕ йӕ бартӕй ӕнӕхай мачи фӕкӕнӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй+ тӕрхонгӕнӕг у Йегъовӕ – уый ма уын раздӕр дӕр дзырдтам ӕмӕ уын ӕй бӕстон бамбарын кодтам+.

  • 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Афтӕ уымӕн зӕгъӕм, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты раст у, сымахӕн зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй зындзинӕдтӕй бафидын+.

  • Дзуттӕгтӕм 10:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 Уымӕн ӕмӕ мах зонӕм, афтӕ чи загъта: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн»+. Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын