Райдиан 18:25 Библи – Ног дунейы тӕлмац 25 Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай ӕмӕ, фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр!+ Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай!+ Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?»+ Псалом 7:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Сыст, о Йегъовӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ+,Сыст, мемӕ чи тох кӕны ӕмӕ мыл йӕ масты цӕхӕртӕ чи калы, уыдоны ныхмӕ+.Райхъал у мӕн тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ ды загътай, раст тӕрхон кӕй сӕххӕст уыдзӕн+. Псалом 50:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Уӕлӕрвтӕ дзурынц йӕ рӕстдзинады тыххӕй+,Уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг у Тӕрхонгӕнӕг+. (Села́) Хъуыддӕгтӕ 17:31 Библи – Ног дунейы тӕлмац 31 уымӕн ӕмӕ снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон+ кӕд кӕндзӕн, уыцы бон. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый се ’ппӕтӕн дӕр сбӕлвырд кодта, мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта+, уымӕй». Ромӕгтӕм 14:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Ды чи дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр цагъарӕн тӕрхонгӕнӕг уай?+ Лӕугӕ кӕны ӕви хаугӕ акодта, уый йӕ хицау равзардзӕн+. Кӕд ахауд, уӕддӕр фӕстӕмӕ слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ слӕууын кӕна+.
25 Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай ӕмӕ, фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр!+ Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай!+ Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?»+
6 Сыст, о Йегъовӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ+,Сыст, мемӕ чи тох кӕны ӕмӕ мыл йӕ масты цӕхӕртӕ чи калы, уыдоны ныхмӕ+.Райхъал у мӕн тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ ды загътай, раст тӕрхон кӕй сӕххӕст уыдзӕн+.
31 уымӕн ӕмӕ снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон+ кӕд кӕндзӕн, уыцы бон. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый се ’ппӕтӕн дӕр сбӕлвырд кодта, мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта+, уымӕй».
4 Ды чи дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр цагъарӕн тӕрхонгӕнӕг уай?+ Лӕугӕ кӕны ӕви хаугӕ акодта, уый йӕ хицау равзардзӕн+. Кӕд ахауд, уӕддӕр фӕстӕмӕ слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ слӕууын кӕна+.