Тӕрхонгӕнджыты 5:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Хӕхтӕ атадысты Йегъовӕйы раз+,Синайы+ хох атад Израилы Хуыцау+ Йегъовӕйы раз+. Михей 1:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Хӕхтӕ йӕ быны атайдзысты+ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ дыууӕ дихы фӕуыдзысты, мыдадз арты куыд атайы+ ӕмӕ дон айнӕг къӕдзӕхӕй бынмӕ куыд фӕкӕлы, афтӕ. Наум 1:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Хӕхтӕ йӕ разы базмӕлыдысты ӕмӕ къуыбыртӕ атадысты+. Йӕ цӕсгомы раз зӕхх банкъуысдзӕн, зӕхх дӕр ӕмӕ йыл чи цӕры, уыдон се ’ппӕт дӕр+. Аввакум 3:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Ӕрлӕууыд, ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кодта+. Йӕ цӕст ахаста, ӕмӕ адӕмтӕ фыртӕссӕй барызтысты+. Ӕнусон хӕхтӕ ныппырх сты+, ӕнусон къуыбыртӕ сӕ сӕртӕ ӕруагътой+. Ахӕм сты йӕ рагон фӕндӕгтӕ.
4 Хӕхтӕ йӕ быны атайдзысты+ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ дыууӕ дихы фӕуыдзысты, мыдадз арты куыд атайы+ ӕмӕ дон айнӕг къӕдзӕхӕй бынмӕ куыд фӕкӕлы, афтӕ.
5 Хӕхтӕ йӕ разы базмӕлыдысты ӕмӕ къуыбыртӕ атадысты+. Йӕ цӕсгомы раз зӕхх банкъуысдзӕн, зӕхх дӕр ӕмӕ йыл чи цӕры, уыдон се ’ппӕт дӕр+.
6 Ӕрлӕууыд, ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кодта+. Йӕ цӕст ахаста, ӕмӕ адӕмтӕ фыртӕссӕй барызтысты+. Ӕнусон хӕхтӕ ныппырх сты+, ӕнусон къуыбыртӕ сӕ сӕртӕ ӕруагътой+. Ахӕм сты йӕ рагон фӕндӕгтӕ.